Цæгат Ирыстоны амалхъомад банктæй æфстау æхца исын фылдæр райдыдта
Цæгат Ирыстоны амалхъомад банктæй æфстау æхца исын фылдæр райдыдта. Кредитты бæрц схызт 1,5 хатты. Афæдзы фыццаг æмбисмæ банктæ юридикон æмæ индивидуалон амалхъом адæмæн радтой 7,5 млрд сомы. Уый у 46,6% фылдæр, ивгъуыд азимæ абаргæйæ. Чысыл æмæ астæуккаг бизнесæн кредитты нымæц схызт 37 проценты. Егъау бизнес цы æхцайы фæрæзтæ райста, уыдоны бæрц та у 1,6 млрд сомы. Уый у дыууæ хатты фылдæр ивгъуыд азимæ абаргæйæ.