Бæрæгбоны кадæн
Цæгат Ирыстоны адæмты хæлардзинады хæдзары абон уыд æцæг бæрæгбон. Сарæзтой йæ Хъырым æмæ Севастополь Уæрæсейы хæдбар субъекттæ 5 азы размæ кæй систы, уый кадæн. Концертон залы къахбавæрæн нæ уыд. Уазджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ. Уазджыты зæрдæтæ бахъæлдзæг кодтой нæ республикæйы сгуыхт артисттæ, сфæлдыстадон къордтæ æмæ æфсæддон оркестр. Программæйы архайджытæ се 'ппæт дæр хæст сты иу хъуыдыйыл: бæрæгбон у тынг ахсджиаг нæ бæстæйы æппæт цæрджытæн. Ахæм бæрæгбæтты руаджы адæмы бастдзинад æмæ хæлардзинад æнгомдæр кæй кæдзæн, уый дызæрдыккаг нæу. Хъуамæ рæзгæ фæлтæр нæ бæстæйы историйы ахæм вазыгджын хъуыддæгтæ зоной. Уымæн стыр æххуыс уыд абоны бæрæгбоны мадзал. Бæрæгбон сарæзтой æппæтуæрæсеон акцийы фæлгæты. Алы уазæгыл дæр бабастой Уæрæсейы тырысайы хуызы лентæ. Уыимæ ма баннерыл фенæн уыд Хъырымы ист къамтæ. Æппæт адæмæн дæр бæрæгбон æрхаста циндзинад æмæ хъæлдзæг æнкъарæнтæ. Мадзалæй алчидæр баззад разыйæ. Нæ республикæйы æмæ Хъырымы хæлардзинады хæдзары минæвæрттæ бафыстой бадзырд. Уымæ гæсгæ æмгуыст кæндзысты бирæ ахсджиаг фарстатыл. Фидæнмæ сæм ис бирæ пълæнттæ æмæ сæ зæрдæ дарынц, сæ къухы кæй бафтдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрæгбоны кадæн
Категория:
Новости и СМИ