Кувæн бынæттæй иу сыгъдæггонд æрцыд
Абон нæ республикæйы кувæн бынæттæй иу сыгъдæггонд æрцыд. Хетæджы къох та ногæй снывыл кодтой нæ республикæйы зæрдæргъæвд адæм æмæ дзуары лæггадгæнджытæ. Æрвылаз, Хетæджы Лæгты Дзуары бæрæгбоны фæстæ адæм бафснайынц сæ кувæнбынæттæ. Æмæ та ацы хатт дæр бирæтæ сæ хæсыл банымадтой Хетæджы бынмæ æрбацæуын æмæ табуйаг бынат барæсугъд кæнын. Абон кувæндоны лæггадгæнджытæ бæстонæй бацархайдтой, цæмæй ацы бынат сыгъдæг æмæ æфснайд уа. Валерий не 'сфæлдыстадон къордæн куыд радзырдта, афтæмæй Хетæджы Лæгты дзуары бæрæгбоны фæдыл бирæ традицитæ ис, фæлæ сæ хъæуы æмбæлгæ æгъдаумæ гæсгæ æххæст кæнын. Сæ сæйрагдæртæй иу у кувæндон сыгъдæгæй дарын, цæмæй кæдфæндыдæр зылд уа. Уæдæ таурæгъмæ гæсгæ ацы æнусон бæлæстæ бирæ азты размæ бамбæхстой Хетæджы йе ’знæгтæй. Кæд уæдæй бирæ рæстæг рацыд, уæддæр Хетæджы бон ныр дæр у национ сæйраг бæрæгбæттæй иу. Адæмы хъуыдымæ гæсгæ, кæддæр Хетæгæн цы бæлæстæ баххуыс кодтой, уыдон хæссынц цавæрдæр удæнцойдзинад. Ис сæ уæларвон тых. Уымæ гæсгæ ацы бынатмæ æрбацæуынц æнæхъæн бинонтæй дæр. Скувынц Хуыцаумæ æмæ сæ сывæллæтты дæр бафæдзæхсыц. Абон нæ уацхæссæг Къутъæрты Аидæ, абалц кодта Алагиры районмæ. Цæттæ у радзырын фылдæр хабæрттæ. Цавæртæ уый нын йæхæдæг фæнысан кæндзæн. Хетæджы Лæгты Дзуары бæрæгбоны ацы кувæнбынатмæ æрбацæуынц бирæ адæм. Абон кувæндоны сыгъдæгдзинадыл дзæвгар адæм бафæллой кодтой, фæлæ йæ нын Дулаты Валерий куыд радзырдта, афтæмæй адæмæй хатгай ферох вæййы, сæхи куыд дарын хъæуы, уый. «Уæдæ дзы æнæгъдау хъуыддæгтæ дæр арæх кæнынц», - зæгъы Дулаты Валерий. Æмæ æрмæст уыцы хабар нæ тыхсын кæны кувæндоны лæггадгæнджыты. Зæгъæм, раздæр ацы бынаты чи фæллой кодта, уыдон цавæрдæр хабæрттæ раст нæ кодтой. Уый ууыл дзурæг у, æмæ уал азы дæргъы цавæрдæр хабæрттæ æмбæрстгонд нæ уыдысты. Зæгъæм, ацы аз цы кувæндоны лæггадгæнджыты равзæрстой, уыдон цæмæдæр гæсгæ фыстой хæстæ. Цавæртæ, уымæ та уæхæдæг байхъусут. Хæстæ бафыстой, æмæ ма уымæй уæлдай адæмæн скодтой кувынæн хицæн бынæттæ. Уымæн æмæ – иу адæм сæ æртæ кæрдзыны кæм скувтаиккой, уый дæр сын нæ уыди. Фæлæ хъуыддаг ууыл нæ ахицæн. Валерий нын куыд радзырдта, афтæмæй бæрæгбоны фæдыл цы хабæрттæ бацæттæ кæнынц, уыдоныл бæстонæй нæ бацархайынц. Дулаты Валерий ма нын куыд радзырдта, афтæмæй – иу ацы бынтмæ куы рбацыдысты, уæд-иу иу æмæ дыууæ хатты не 'рбаййæфтой заууат уавæры кувæнбынат. Куы-иу гуыдыртæ асастой, куы та-иу кæртытæ быроны бын фесты. Уæдæ Хетæджы къохы мысайнæгтæ кæм æвæрынц, уыцы нысандон дыууæ боны размæ хæлд æрцыд. Æвæрд æрцыдысты уый тыххæй, цæмæй знаггадгæнджыты адæм зоной, æмæ сын исты тæрхон конд уа. Дулаты Валерий ма нын равдыста мысайнæгтæ цы банчы сæрмагонд хыгъдмæ цæуынц, уыцы чиныг дæр. Куыд загъта, афтæмæй дзы ныртæккæ ис милуанмæ 'ввахс æхца. Мысайнæгтæ куы сисынц, уæд сæ куыд æмбæлы афтæ банымайынц. Фæлæ фылдæр сты лыстæг æхца, уымæ гæсгæ сæ нымайынц цалдæр адæймагæй. Ныры онг Хетæджы къохы нæ республикæйы районты хъæутæн ис сæрмагонд кувæнбынæттæ. Уым дæр лæггад кæнынц адæм. Фæлæ уæддæр æвзæрст лæгты курдитамæ гæсгæ, хъуамæ алчидæр йæ фæстæ æмбæлгæ уавæры ныууадза ацы бынат. Дулаты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, æрмæст Хетæджы къохы нæй хъæндзинæдтæ. Зæгъæм Ныхасы Лæгты дзуар æхсæвыгон фæндаггонты зæрдæтæн æхцондзинад хаста. Уыд æм арæзт цырæхтæ. Ома йæм сæрмагондæй уагъд уыди электрон рухс, фæлæ уыцы телтæ дæр знаггадгæнджыты къухтæй лыггонд æрцыдысты. «Иры стыр ныхас»-ы разамонæджы фыццаг хæдивæг куыд бафиппайдта, афтæмæй æцæгдæр раздæр лæггадгæнджытыл йæхи чи нымадта, уыдоны никуы ничи равзæрста. Еналдыты Хъазыбег куыд загъта, афтæмæй сарæзтой стыр æвзæрст адæмы къорд. Уыдоны рахастой уынффæ, цæмæй амæй фæстæмæ Хетæджы къохы знаггад митæ мауал кæной. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кувæн бынæттæй иу сыгъдæггонд æрцыд
Категория:
Новости и СМИ