Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур фембæлд Алагиры районы цæрджытимæ
Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур фембæлд Алагиры районы цæрджытимæ. Æрдзырдтой бирæ ахсджиаг фарстатыл: кæлæддзаг хæдзарæй ногмæ раивыныл, куыст ссарыныл æмæ уæлдæр ахуырад райсынæн нысанон бынæттыл. Исæн уатмæ æрбацыдысты 25 адæймагæй фылдæр. Иутæ хъаст кодтой Майрæмададжы æвзæр фæндæгтыл, Алагиры иуæй-иу районты дон кæй нæ вæййы,ууыл. Горæты администрацийы инженерон коммуникациты хайады разамонæг Тлаттаты Жаннæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй,ацы фарста фылдæр тыхсын кæны Алагиры хуссарварс районты. Сæйраг аххоссаг у адæм цæхæрадæттæм дон кæй ауадзынц æмæ донцъирæнтæ заууатмæ кæй æрцыдысты, уый. «Южный»-йы донæбырдгæнæны кусы æрмæстдæр 3 донцъирæны, балхæнын ма хъæудзæн 7. Ныридæгæн уал цæрджытæн дон ласгæ кæнынц. Хæстæгдæр рæстæг фарста лыггонд æрцæудзæн. Алагиры районы цæрджытæм ма ахсджиаг кæсы пенсиисджыты кар кæй аивтой, уый. Уымæй уæлдай ма парти «Иугонд Уæрæсейы» проекты фæлгæты Алагиры энергетикты кварталы байгом кодтой сывæллæттæн хъазæн фæз. Кадджын мадзалы архайдтой районы сæргълæууæг Бутаты Арсен æмæ Алагиры адмнистрацийы минæвæрттæ. Ис дзы змисдон, херытæ æмæ турниктæ. Таймазты Артур куыд загъта, афтæмæй,фыццаг хъазæн фæз нæу, æфтдзæн ма сыл. Уый та уымæн æмæ цæрджытæм арæх фæзыны ахæм курдиат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур фембæлд Алагиры районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ