Дзанайты Барис амыдта республикæйы Хицауады æмбырд

Донивылдтытæй тæссаг бынæтты арæнтæ сбæрæг кæнынæн хъæуы 35 милуан сомы. Уый тыххæй бюджеты æфтиæгтæ фæфылдæр кæндзысты. Уыцы куыст сæххæст кæнын уыд президент Владимир Путины уынаффæ. Уый тыххæй республикæйы хицауады æмбырды радзырдта Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæрæнтæ æмæ экологийы министр Бæззаты Вадим. Республикæйы шахматты федерацийæн лæвар пайда кæнынæн раттдзысты æнæзмæлгæ исбонады объекттæ. Уым араздзысты æппæтуæрæсеон ерыстæ. Уыдзысты 1-æм августæй 5-æммæ. Ныхас цæуы Коцойты Арсены номыл уынджы цы 500 квадратон метрмæ хæстæг фæзуатимæ бæстыхай ис, ууыл. Уымæй уæлдай ма æмбырды æрдзырдтой сывæллæтты сæрдыгон улæфты тыххæй. Дзанайты Барис бабар кодта республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад, стæй Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады республикон управленийы кусджытæн уыцы фарстамæ уæлдай цæстæнгас здахын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
14 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии