Ног ивддзинæдтæ
Битарты Вячеслав фембæлд республикæйы министрадты раздæры æмæ ног разамонджытимæ. Нæ республикæйы сæргълæууæг сын сæ куысты фæдыл загъта бузныджы ныхæстæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2 азы размæ, раздæры министртæ куыстой зын уавæрты. Бюдджеты æхцайы фæрæзтæ нæ фаг кодта. Социалон хæстæ сæххæст кæныны фадат сын нæ уыд. Арæзтады къабазы дæр бирæ лыггæнинаг фарстатæ уыд. Бирæ арæзтадон объектты куыстытæн æхцайы фæрæзтæ фаг нæ уыд, уымæ гæсгæ сын азæй азмæ кæрон скæнæн нæ уыд. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтæмæй раздæры министртæ æнæ куыстæй нæ баззайдзысты. Алкæмæн дæр сæ ног куысты бынæттæ ссардзысты. Сæ фæлтæрддзинад алы паддзахадон куыстуаты дæр пайда уыдзæн. Уый фæстæ Битарты Вячеслав йе* ргом раздæхта ног министртæм. Куыд загъта, афтæмæй ног министрты куыст республикæйыл хуыздæры*рдæм фæзындзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног ивддзинæдтæ
Категория:
Новости и СМИ