Дзæуджыхъæуы аэропорт йæ куысты хатдзæгтæ банымадта
Дзæуджыхъæуы аэропорт йæ куысты хатдзæгтæ банымадта 2019 азы фыццаг хайæн. Уый хауы холдинг «Новапорт»-мæ. 6 мæйы æмгъуыдмæ Дзæуджыхъæуы аэропорт балæггад кодта 258 мин бæлццонæн. Уый фароны бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ у 24,7% фылдæр. Бæлццæтты бæрц ацы аз январæй июнмæ сырæзт 25,1%. Уый - фаронимæ абаргæйæ. Фæнысан ма кæндзыстæм уый, æмæ æрмæст июны мæй аэропорты лæггæдтæй спайда кодтой 50 мин бæлццоны. Уый къухы бафтыд, Ростов æмæ Сочимæ Дзæуджыхъæуæй хæдтæхджытæ тæхын кæй райдыдтой, уый руаджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Ростовмæ хæдтæхæг тæхы къуыри дыууæ хатты: æртыццæг æмæ хуыцаубоны. Сочимæ та - дыццæг æмæ сабаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы аэропорт йæ куысты хатдзæгтæ банымадта
Категория:
Новости и СМИ