Трамай Дзæуджыхъæуы æфсæнвæдагмæ фыццаг хатт куы рацыд, ууыл абон сæххæст 115 азы
Трамай Дзæуджыхъæуы æфсæнвæдагмæ фыццаг хатт куы рацыд, ууыл абон сæххæст 115 азы. Уый фæдыл нæ республикæйы сæйраг чиныгдоны сарæзтой цымыдисаг мадзал. Архайдтой дзы, трамвайы шофыртæй бирæ азты дæргъы чи фæкуыста, уыдон. Кæд-иу трамвайы бирæ цымыдисаг цаутæ æрцыд, уæддæр ацы сылгоймæгтæ сæ дæсныйад бирæ уарзынц. Зæгъæм, Дзиуаты Нинæ трамвайы шофырæй фæкуыста 50 азæй фылдæр. Ацы дæсныйад дзæгъæлы нæ равзæрста. Сывæллон ма куы уыд, уæд-иу хъæуæй горæтмæ йæ мадимæ арæх цыдис. Сæрмагондæй та - цыбæл кодта трамваймæ. Тынг æй фæндыдис трамвайы ацæуын. Афтæмæй равзæрста ацы дæсныйад æмæ райдыдта шофырæй кусын. Дзиуаты Нинæ бирæ адæмæн бацамыдта ацы дæсныйады сусæгдзинæдтæ. Йæхæдæг сæ тынг хорз хъуыды кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын сты 23 ахуырдзауы. Уый йæм бирæ нæ кæсы, фæлæ сæ йæ сæр бæрзæндты хæссы. Йæ фæлтæрддзинады фæдыл хорзæхгонд æрцыд бирæ майдантæ æмæ риуылдарæн нысæнттæй. Абон ма Нинæйы цур сты, бирæ азты дæргъы трамвайы шофырæй чи фæкуыста, уыдон дæр. Абон нæ республикæйы центрон чиныгдоны æрæмбырд сты бирæ адæм. Уыдоны ’хсæн: Антонина Сафонова, Валентина Дементьева, Лидия Андреева æмæ ма иннæтæ. Уыдон фæкуыстой трамвайы 50 азæй фылдæр. Абон сæхицæй разы сты, ацы дæсныйад кæй равзæрстой, уый. Ветерантæн бузныг зæгъынмæ абон æрбацыдсты Цæгат Ирыстоны тармвайы техникæйы æдасдзинады хайады сæргълæууæг Хуытъиаты Виталий æмæ театр «Амран»-ы æрыгæтты студи. Театр та абоны бæрæгбоны архайджытæн бацæттæ кодтой чысыл сценикон равдыст. Нæ горæты трамвайæн ис цымыдисаг истори. Уæдæ сæ фæзынд та раст 19 æнусæй цæуы. Фыццаг хатт æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кастысты 1890 азы. Уæды разамынды фæндыдис бæхты æфсæнвæндаг скæнын. Фæлæ дзы ницы рауад. 1902 азы Дзæуджыхъæумæ æрцыдысты инженертæ Бельги æмæ Германийæ. Уыдон райдыдтой аразын æфсæнвæндаг. Афтæмæй, 6 августы 1904 азы Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндагыл рацыдысты 12 вагоны. Нæ республикæйы цæрджытæн уый уыдис ахсджиаг цау. Бирæты зæрдæмæ фæцыдысты трамвайтæ. Ныртæккæ дæр центрон чиныгдоны кусджыты ныхæстæм гæсгæ, хъуамæ нæ горæты трамвайтæ фылдæрæй - фылдæр кæной. Нæ республикæйы Центрон библиотекæйы ныртæккæ кусы клуб «Мои года - моё богатство»-зæгъгæ. Уым ныр 6 азы дæргъы архайынц, трамвайы шофыртæй бирæ азыты дæргъы чи фæкуыста, уыцы адæм. Ныртæккæ сты 90 фылдæр. Ам ветерантæ сæхицæн саразынц цымдисаг концертон программæтæ æмæ равдыстытæ. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Трамай Дзæуджыхъæуы æфсæнвæдагмæ фыццаг хатт куы рацыд, ууыл абон сæххæст 115 азы
Категория:
Новости и СМИ