Хуыздæртæ кæм сты?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы хъазæн фæзтæ сæрмагонд домæнтæн дзуапп нæ дæттынц. Ацы хъуыддаг дзырддаг сси социАлон хызæгты. Ныййарджытæ сабухтой. Интернеты апарахат кодтой къамтæ. Зыны дзы, кæм змис нæй, кæм фæзыл уæлцъар нал баззад, кæмдæр та херыты бæсты – цъæл æфсæйнæгтæ. Горæты администрацимæ кæй бахъаст кодтой, уымæй дæр ницы рауад. Хъазæн фæзтæм, дам, ницы бар дарæм, зæгъгæ. Æмæ уæд дзуапп кæмæй бадомой? Академик Шегрены номыл уынджы атезгъо кæныны фæнд чи скæна, уый фæфæсмон кæндзæн. Фыдбылызмæ расайынæн дзы бирæ нæ хъæуы. Тæссаг дзы у куыд сывæллæттæн, афтæ хистæр адæмæн дæр. Виктория Дочевскаяйæн 4 сывæллоны ис. Йæ гыццыл чызгимæ алыбон дæр рацæуы уынгмæ. Фæлæ йæ хæдзары дуармæ не рлæууы. Хъазæн фæз агурæг ацæуы æндæр рæттæм. Куыд зæгъы, афтæмæй сæ дуармæ цы хъазæн фæз ис, уый заууатмæ æрцыд. Виктория Дочевская: «Нæ дуармæ ис дыууæ хъазæн фæзы. Иу дзы сарæзтой депутаты фæрæзтæй, иннæ та у зæронд, ницæмæн уал бæззы. Фехалын æй хъæуы. Фæлæ дзы сывæллæттæ уæддæр хъазынц. Мæнæ ацы æфсæн къуыбырыл цалынмæ ничи фæкалд, уæдмæ йæм фæкæсæг дæр нæ уыдзæн. Иннæ фæзы та уæлцъар дæр нæй. Хуыр æмæ зæхх. Æвзæр боныхъæд куы вæййы, уæд цъыф вæййы, хуры бон та – рыгæй нал фæзыны». Фæстаг рæстæг бирæуæладзыгон хæдзæртты кæртыты аивдзинадыл æмæ дзы хъазæн фæзтыл ныхас бирæ цæуы. Уæвгæ, сæрмагонд программæтæ дæр æххæстгонд цæуынц. Фæлæ уавæр бирæ хуыздæр кæны, уый уый зынтæй зæгъæн ис. Азæй-азмæ цалцæггонд хъазæн фæзтæ къаддæр кæнынц. Ныййарджытæ хъазт кæнынц. Тæрсынц сæ цотæн. Æнæ фæкастæй сæ иу усм дæр нæ уадзынц. Едзиаты Маринæ дæр сын тæрсы æмæ сыл тыхсы. Сæ кæрты сывæллæттæ кæм хъазой, уый дæр нæй. Сæ цуры цы ног хъазæн фæзтæ фæзындысты, уыдонæн та фидын хъæуы. Едзайты Маринæ: «Цалцæггонд, хорз ифтонггонд хъазæн фæз стæм хатт ссардзынæ. Ома, æмбæлгæ домæнтæм гæсгæ конд чи, у ахæм. Куыд зонын, афтæмæй хъуамæ хорз уæлцъарæй æмбæрзт уа. Хъуамæ фидар уа, æрдзон уавæртæн фæразон. Хъазæнтæ æмæ алыхуызон къуыбыртæ зæххыл хорз фидаргонд. Фыццаджыдæр та сывæллæттæн æдас уа. Стæй ма диссаг уый у æмæ хъазæн фæзты сыгъдæгдзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй кæсынц, рухсытæ нæ кусынц, бырæттæн иунæг урнæ дæр нæй». Резинæ уæлцъары бæсты хъазæн фæзтæ дурты, хъæды лыггæгты æмæ авджы сæстытты бын фесты. уый та тæссаг куыд нæ у. Уыд иу афтæ дæр æмæ сæ сывæллæттæ сæхи алыг кодтой. Кæнæ херыйæ æрхаугæйæ, сæ къухтæ-къхтæ асæттынц. Æвидауц æмæ цалцæггæнинаг хъазæн фæзтæ арæх æмбæлынц. Зæгъæн ис, кæртытæн сæ фылдæры. Ис хорз дæнцæгтæ дæр. Фæлæ арæх уый цæрджытæн сæхи руаджы вæййы. Балхæнынц, сæвæрынц, сахорынц æмæ сæм зилынц. Уый хорз хъуыддаг куыд нæ у. Хъазæн фæзтæм зилын кæмæ хауы? Кæй бæрны сты? Кæд ацы фарстæ кæйдæр бæрны ис, уæд сын дзуапп цæуыннæ дæттынц? Кадастры хыгъды сты æви нæ? Дзæуджыхъæуы администрацийы аивдзинады æмæ цъæх фæлысты управленийы хицау Боциты Сослан: «Кæд сывæллæтты хъазæн фæзты цалцæг æмæ рацарæзтыл ныхас кæнæм, уæд уыцы фарстатæ горæты администрацимæ хауынц. Нæхицæй сæ нæ исæм. Куыд нæ бон у, афтæ сæм зилæм, нæ цæст сæм дарæм æмæ сæ сабыргай цалцæг кæнæм». Дзæуджыхъæуы аивдзинады программæмæ гæсгæ, 2 азмæ горæты администраци сарæзта 20 хъазæн фæзы. Фидарæй зæгъынц. конд сты æппæт домæнтæм гæсгæ æмæ ГОСТ-тæн дзуапп дæттынц. Тендер чи рамбулы, уыцы аразджытæ фæпайда кæнынц экологон æгъдауæй сыгъдæг æрмæджытæй. Уый нæ фæлæ ма фæнд кæнынц зæронд хъазæн фæзтæм базилын. Фæлæ кæд? Уымæн бæлвырд дзуаппдæттæг нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хуыздæртæ кæм сты?

Категория:

Новости и СМИ