Æрхæццæ кæны æрдзон зынгсирвæзтыты рæстæг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Æрхæццæ кæны æрдзон зынгсирвæзтыты рæстæг. Уый тыххæй та хъусын кæны нæ республикæйы æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад. Миттæ тайын кæй райдыдтой æмæ боныхъæд кæй фæхуыздæр, уый тыххæй ныр тæссаг уыдзæн хъæдты зынгсирвæзтытæ æрцæуынæй. Уый фæдыл профилон уагдæттæ райдыдтой сæрмагонд мадзæлттæ аразын. Се`хсæн - сæрмагонд цæстдард æмæ зынгсирвæзтыты ныхмæ тох. Арты уацары бахауынц зæххытæ, хус кæрдæгæй сæ сыгъдæг кæнын куы райдайынц, уæд. Нæй хъæдрæбынты æмæ хъæдты судзгæ `хсидæвтæ уадзæн, тамакойы дымæггæгтæ æмæ æндæр ахæм тæссаг хауæццæгтæ калæн. Æвæджиауы бæрнон цæстæй кæсын хъæуы артдзæст саразгæйæ. Хъуамæ бæлæстæм хæстæг кæнæ та хус быдырты цур конд ма уа. Куы нал хъæуа, уæд æй æнæмæнг хъæуы ахуыссын кæнын. Профилон министрады куыд зæгъынц, афтæмæй зынгсирвæзтытæн сæ фылдæр æрцыдысты, адæм кæм нæ цæрынц, ахæм рæтты. Сæ аххосæгтыл нымайынц, артимæ куыд æмбæлы, афтæ кæй нæ архайдтой, уый. Уый та у административон кодексы закъонхæлд. Профилон министрады кусджытæ адæммæ сидынц, цæмæй уой къæрцхъусдæр. Исты фыдбылыз куы æцæуа, уæд хабар кæной сæрмагонд номыр 01-мæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æрхæццæ кæны æрдзон зынгсирвæзтыты рæстæг

Категория:

Новости и СМИ