Дзæуджыхъæуы 48 æм скъолайы зынгсирвæзты фæстæ ахуыртæ ногæй райдыдтой
Дзæуджыхъæуы 48-æм скъолайы уроктæ цæуынц фæткмæ гæсгæ. Зынгсирвæзты фæстиуджытæ дыууæ бонмæ аиуварс кодтой. Баивтой дуар, рудзгуыты æвгтæ, къултæ сахуырстой æмæ саив кодтой. Куыстыты фæстæ бæстыхай иууылдæр бæстон бафснайдтой. Ахуырадон уагдоны кусджыты ныхæстæм гæсгæ, зонындзинæдтæ исынæн скъоладзауты размæ цæлхдуртæ нæй. Уæвгæ, иуæй-иу ныййарджытæ афтæ дæр сæ сывæллæтты скъоламæ нæма уадзынц. Скъоламæ ссыдысты психлологты центр «Доверие»-йы специалисттæ. Цæттæ сты ахуырдзаутæ æмæ сæ ныййарджытимæ ныхас кæнынмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv