Зонындзинæдтæ нæ бавгъау кодтой
Цæгат Ирыстоны компани «ФАТ-АГРО»-йы фæлгæты кусы дунейы æмæ Уæрæсейы картофы мыггагимæ архайæг компаниты семинар. Йæ уазджытæ 150 специалисты. Зонадон фембæлд цымыдисаг фæкаст суанг Инди, Швейцари, Франци æмæ Вьетнамы минæвæрттæм дæр. Уазджытæ бабæрæг кодтой Джызæлы куыстадон базæ. Абон та абалц кодтой Уæллаг Зджыды быдыртæм. Ам зайын кæнынц хæрзмыггаг картоф. Уæлхохæй чысыл раздæр æрыздæхтысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр. Семинары архайджыты бон райсомæй раджы райдыдта. 8 сахатыл абалц кодтой Цæгат Ирыстоны хæххон хъæутæй иу – Уæллаг Зджыдмæ. Ам æрбынат кодта æмбал кæмæн нæй, ахæм куыстадон базæтæй иу. Хæрзмыггаг картоф кæм зайын кæныц, уыцы быдыртæ сты 2000 метрЫ бæрзондыл. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй, сæ куыстуат нæ бæстæйы раззагдæр компаниты хсæн ис. Семинары архайджытæ сæхи цæстæй федтой хæрзмыггаг картоф кæм зайын кæныц, уыцы быдыртæ. Базонгæ сты картоф алыхуызон низтæй æмæ низхæссджытæй куыд хъахъхъæнынц, уыимæ. Уымæй уæлдай-ма, æркастысты иннæ халсартæ æмæ дыргътæ хæхты куыд хъуамæ зайой, уый. Уæвгæ та хæрзмыггаг картоф æрмæстдæр ахæм уавæрты æрзайын кæнæн ис. Селекционертæн сæ дзæвгар семинары фыццаг хатт нæ архайынц. Ардæм канд хæхбæсты рæсугъддзинæдтæ фенынмæ не æрцæуынц. Фæнды сæ хи цæстæй фенын хæрзмыггаг картоф куыд æрзайын кæнын хъæуы, уый. Уый та уымæн æмæ йæ зонынц – ацы компанийы картофæн æмбал нæй. Йæ хæрзхъæддзинад гуырысхойаг нæу. Семинары архайæг Андреев Евгений: «Семинар пайда у, йæ фæлгæты канд кæрæдзиимæ нæ аныхас кæнæм, фæлæ ма куыстытæм дæр цæст дарæм. Æрцæуæм, æркæсæм, ардыгæй цы ласдзыстæм, уымæ. Уæдæ уал азмæ сæ куыст цас фæраздæр, уый дæр уынæм». Куыстадон базæ бабæрæг кодта нæ респуюликæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Ирон адæммæ уаззæг кæддæриддæр кадджын уыд. Уымæ гæсгæ, уазджытæн загъта «æгасцуай». æмæ сын раарфæ кодта семинары кæй архайынц, уый фæдыл. Схорзæхджын сæ кодта республикæйы кадджын хæрзиуджытæй. Сæминары кæронбæттæн скодтой конференцийы хуызы. Фæлæ уæлдай тынгдæр се ппæт дæр бацин кодтой, иннæ ацафон та сæ ногæй хæхбæсты кæй суазæг кæндзысты, ууыл. Мадзал аразджытæ зæрдæ дарынц, семинары архайджытæ фылдæр кæй кæндзысты, ууыл. Фæлтæрдджын дунеон компанитæ дзы кæй архайынц, уый та ууыл дзурæг у æмæ картофы куыст нæ республикæйы æмбæлгæ æмвæзадыл кæй ис, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зонындзинæдтæ нæ бавгъау кодтой
Категория:
Новости и СМИ