ЗИЛ-ы сæрзилæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Æнæнхъæлæджы хабар - Дзæуджыхъæумæ бахизæнтæй иумæ `ввахс. Гъа, ныр горæты уынгтæм бахæццæ уа, зæгъгæ, афтæ фæндагыл фæуæлгоммæ уæзласæн ЗИЛ. Афтид дæр ма куы уыдаид, уæд бæргæ йемæ æнцондæрæй архайдтаиккой. Фæлæ йæ хъусты онг уыдис хуырæй дзаг. Бæллæх æрцыд Михайловскæмæ хæстæг. Уæзласæн хæдтулгæ кæм фæуæлгоммæ ис, уым арæзтой фæндаджы былгæрæттæ. Чи зоны, хъæугæ æрмæджытæ ЗИЛ уыдонæн æрбаласта, фæлæ афтæ тагъд равдæлон кæндзæн йæ гуыффæ, уый, æвæццæгæн, шофыр йæхæдæг дæр æнхъæл нæ уыд. Иуæй-иу хъусынгæнинæгтæм гæсгæ та, фæндаджы арæзтадон куыстытæ сæхæдæг фесты фæндаггон фыдбылызы аххосаг. Ирыстоны ахæм цаутæ телефонæй сисынмæ рæвдз кæй фæлæууынц, уый руаджы нын ацы кадртæ дæр сымахæн равдисыны фадат фæцис. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ дзы адæмæй хъыгдард ничи баййæфта. Фæлæ, дам, кæд цæфæй нæ мæлыс, уæд дын уый та рæхуыст, зæгъгæ, рауад ЗИЛæн йæ хъуыддаг. Хæрдмæ йыл цы уæзæгтæ исæн къран схæцыд, уый ма бæрзæйсаст ЗИЛæй ноджыдæр цыдæр ратыдта. Фæлæ, дам, хæдтулгæ йæ цалхыл куыд нал слæууа, ахæм цæфтæ йыл не `рцыд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

ЗИЛ-ы сæрзилæн

Категория:

Новости и СМИ