Ног разамонæгтæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ нысангонд æрцыдысты дыууæ паддзахадон куыстуаты разамонджытæ: мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæргълæууæг, стæй хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министр. Министрады сæргъы слæууыд Уазиты Хъазыбег. Разамынд дæттыны фæлтæрддзинад æм ис. Æртæ азы Хъазыбег уыди Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг. Уый фæстæ куыста нæ республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон комитеты сæрдарæй. Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты разамонæгæй нысангонд æрцыди Фидараты Юрий. Уый дæр нæ республикæйы æнæзонгæ адæймаг нæу. Фæлтæрдджын журналист уыди республикон газет "Пульс Осетии"-йы редактор, амыдта æхсæнадон-политикон телепрограммæ "Ныхасы сæрибардзинад". Уымæй уæлдай ма Юрий уыди Парламенты фæндзæм æмбырды депутат. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног разамонæгтæ
Категория:
Новости и СМИ