Поликультурон ахуырады рæзтыл æрдзырдтой уырыссаг æвзаджы советы æмбырды Уæрæсейы президенты цур
Поликультурон ахуырады рæзтыл æрдзырдтой уырыссаг æвзаджы советы æмбырды Уæрæсейы президенты цур. Разамынд ын лæвæрдта Владимир Путин. Поликультурон скъолатæ нæ бæстæйы фæлварæны хуызы архайынц цалдæр регионы. Татарстаны, Цæцæны республикæйы, Якутийы. Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады Æхсæнадон Советы уæнг Алинæ Левитская дæнцæгæн æрхаста Цæгат Ирыстоны поликультурон ахуырад куыд æххсæтгонд цæуы, уый. 3 азы размæ Дзæуджыхъæуы 11 ахуырадзуы каст фесты поликультурон скъола. Сæ ахуыры рæстæг сæм цæст дардтой федералон цæстдарджытæ. Сæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ахуырады æмвæзад зынгæ бæрзонддæр разынд иннæтимæ абаргæйæ. Алина Левитскаяйы ныхæстæм гæсгæ, поликультурон ахуырад хицæн кæны уымæй æмæ дзы зоныдзинæдтæ амонынц куыд уырыссагау, афтæ мадæлон æвзагыл дæр. Ахуыраздуатæ æмæ ныййарджытæ йæ æвзарынц ахуыры райдиан. Хицæндзинад ма уый у æмæ скъоладзаутæ ахуыр кæнынц сæрмагонд æрмæджытæ, афтæмæй парахатдæр кæны националон æвзаг, уыимæ та адæмы хатты культурæ дæр. Владимир Путин куыд фæбæрг кодта, афтæмæй Поликультурон ахуырады программæ ахсджиаг у, иумæйаг ахуырады райрæзтмæ дæр ахадгæ бацæвæрæн хæссы. Уæ зæрдыл ма уын æрлæууын кæндзыстæм, Уырыссаг æвзаджы Совет фæзынд 2014-æм азы. Йæ сæйраг хæс у - æвзагзонынады хæрзхъæддзинад фидардæр кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Поликультурон ахуырады рæзтыл æрдзырдтой уырыссаг æвзаджы советы æмбырды Уæрæсейы президенты цур
Категория:
Новости и СМИ