Æрдзы хъæбысы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуырдзаутæн сарæзтой цымыдисаг балц Куырттаты коммæ. Мадзалæн равзæрстой сæрмагонд маршрут. Ацы балц у национ туроператор «Иристон-Тревел«, нæ республикæйы райрæзты агентад, стæй Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрады æмгуыстады фæллой. Ахæм хуызы йе `рыгон бонтæ æрæмысыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Экскурсийы райдиан хæдтулгæ рог цыдæй рабалц кодта горæтæй. Балц канд хиирхæфсæн мадзал нæ уыд, уымæ гæсгæ сывæллæттæн фæндагыл кодтой Цæгат Ирыстоны истори æмæ географиимæ баст цымыдисаг хабæрттæ. Кæд экскурси зонадон нысанимæ арæзт æрцыд, æмæ кæд Куырттаты коммæ фæндаг цыбыр нæу, уæддæр сывæллæттæн сæ цæсгæмттæй мидбылхудт иу уысммæ дæр нæ фесæфт. Сæ зæрдæйы уаг уыд хъæлдзæг, уæдæ сæ цæстытæ дæр цæхæртæ калдтой. Хъараты Ольгæ: «Тынг бирæ æхсызгон æнкъарæнтæ нæм сæвзæрд балцы рæстæг. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Ирыстонæй рæсугъддæр хæхтæ никуы ис. Уæлдай тынгдæр та нæ зæрдæмæ фæцыд алыхуызон бынæтты кæй уыдыстæм, уый». Доййаты Луизæ ацы фæндагыл иу æмæ дыууæ хатты нæ цыд. Хуымæтæджы нæ - у фæлтæрдджын экскурситæаразæг. Йæ цымыдисаг радзуринæгтæй алкæйы зæрдæмæ дæр ссары фæндаг. Ацы хатт дæр та афтæ - сæ размæ цыдæриддæр æмбæлд суанг къутæрты онг, алцæй тыххæй дæр дзырдта. Фидарæй йæ уырны, нæ республикæйы сывæллæтты æмæ фæсивæдон туризмы ног цард бауадзынæн æппæт уавæртæ дæр кæй ис. Сывæллæттæн, уæлдайдæр та горæтаг сабитæн хæхбæсты æрдзы хъæбысы пайдаимæ сæ рæстæг арвитын уæлдай æхсызгондзинад æмæ удæнцой хæссы. Уæдæ сын хæххон уæлдæф се уæнгты ног тыхтæ бауаддзæн, сæ зондыл зонд æфтдзæн, уый дæр дызæрдыггаг нæу. Доййаты Луизæ: «Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хæхбæсты алы къуым басгарыны курдиæттæ нæм кæнынц фылдæрæй-фылдæр. Уый скъоладзаутæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ туризмы рæзт у скъолайы уæлæмхасæн ахуырады вазыгджындæр хæйттæй иу. Туризм æрмæст спорт нæу, ахæм хуызы хъæздыг кæны уд дæр. Æрдзы хъæбысы сывæллæттæ базонгæ вæййынц нæ фыдæлты цард æмæ историимæ». Скъоладзаутæн сæ алы къахдзæфмæ дæр хистæртæ лæмбынæг кастысты. Алырдыгæй дæр хъуыстой фæдзæхстытæ хæхбæсты хи дарыны фæткимæ. Уый кæй зæгъын æй хъæуы ахсджиаг у, уымæн æмæ балцы рæстæг кувæндæтты дæр уыдысты. Мадзал саразджыты къухы бафтыд сывæллæттæн иу бонмæ Куырттаты комы цымыдисагдæр бынæттæ, æппæт историон цыртдзæвæнтæ равдисын. Сæ фæндаг акодтой кæнгæ æхсæрдзæныл, республикæйы цæрджытæй йæ чи нæ федта, ахæм нæ разындзæн. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы балцыл æвæрд ис егъау хъомыладон хæстæ. Сабиты зæрдæты райгуыры сæ фыдыуæзæгмæ уарзондзинад, уыцы æнкъарæн рахæссынц сæ чысылæй фæстæмæ. Уый æмбарынц, балц чи сарæзта, уыдон дæр - национ туроператор "Иристон Тревел"-ы кусджытæ. Балцæн сæрмагонд пъланыл та бакуыстой республикæйы райрæзты агентад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады. Уыцы æмгуыстад сын фыццаг нæу. Æрæджы ахæм хуызы абалц кодтой 4-æм гимназийы сывæллæттимæ. Дзанайты Руслан: «Нæ сæйраг нысан у Цæгат Ирыстоны туризмы рæзтыл бакусын. Нæ республикæйы райрæзты агентадимæ æмгуыстады фæлгæты нæ бафæндыд сывæллæттæн экскурсион программæттæ аразын. Куыд раиртæстам, афтæмæй, нæ республикæйы сывæллæттæн се 70% нæдæр хæхбæсты нæ уыдысты, нæдæр нæ истори зонынц. Мах уыцы хъуыддаг сраст кæныныл архайæм». Сывæллæттæ сæ бон куыд арвыстой, уый сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Хæхбæстæй сæ сæ къах быдырмæ хæсгæ дæр нал кодта. Ахæм æхсызгон æнкъарæнты фæстæ партæты уæлхъус æрбадынмæ дæр разæнгарддæр вæййынц. Радон балцмæ ныр сæ хызынтæ цæттæйæ дарынц. Гæззаты Зæринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æрдзы хъæбысы

Категория:

Новости и СМИ