Карджын адæмы хъуыддæгтæм ма се ’ргом здахынц уæрæсейы пенсион фонды

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Карджын адæмы хъуыддæгтæм ма се ’ргом здахынц уæрæсейы пенсион фонды. 2019 азы фыццæгæм январæй фæзынд закъон, цæмæй пенсиисджыты кар сабыргай бæрзонддæр кæна. Æмæ уыйадыл фæзынд æмбарынад «предпенсионный возраст»,-зæгъгæ. Ацы статус лæвæрд цæуы 5 азы ма пенсимæ рацæуынмæ кæй фæхъæуы, уыдонæн. Ацы аз уыдон сты сылгоймæгтæ — сты 51 азы кæуыл цæуы æмæ нæлгоймæгтæй та 56 азы кæуыл сæххæст, уыдон. Ома 1968 азы чи райгуырд, уыцы сылгоймæгтæ, стæй 1963 чи райгуырд, уыцы нæлгоймæгтæ. Пенсимæ чи нæма рацыд, уыцы адæмæн та ис федералон уæлбартæ. Уыдонæн бар ис : раздæры пенсион кармæ фæцæргæйæ, хи суæгъд кæнæн зæххы æмæ исбоны хъалонтæй; афæдз дыууæ хатты, куысты бынат бахъахъхъæнгæйæ, фадат ис диспатеризаци скæнынмæ дæр. Уымæй уæлдай ма, ацы категоримæ цы адæм хауы, уыдоны куыстмæ куы нæ исой, уæд фæллойады разамонджытыл сæмбæлдзæн административон кæнæ уголовон хъуыддаг. Пенсион кармæ чи фæхæццæ кæны, уыдоны лæвар сахуыр кæндзысты ног дæсныйæдтыл. Стæй ма фæфылдæр кæндзысты æгуыст адæмæн æхцаххуысы бæрц. Цæмæй ацы уæлбартæ къухы бафтой, уый тыххæй пенсимæ чи нæма рацыд, уыдоны хъæуы, уæлбартæ цы куыстуат дæтты, уыцы хайадмæ курдиат бадæтын. Уыдон ты сты: хъалон исыны службæ, куыстдæттыны комитет æмæ социалон хъахъхъæнынады службæ. Цæмæй хъæугæ гæххæтæ нывыл арæзт æрцæуой, уый тыххæй хъæуы Уæрæсейы пенсион фонды сайты хи кабинетмæ бацæуын, кæнæ та комкоммæ бынæттон пенсион хайадмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Карджын адæмы хъуыддæгтæм ма се ’ргом здахынц уæрæсейы пенсион фонды

Категория:

Новости и СМИ