Кады аккаг
Бердскы театралон архайджытæ æмæ артисттæ сарæзтой комкоммæ бастдзинад Дзæуджыхъæуимæ, цæмæй иумæйагæй аныхас кæной Хуыгаты Георы сфæлдыстады тыххæй. Бынæттон театралон архайджытимæ Хуыгаты Георæн уыд фидар бастдзинад. Зындгонд режиссеры аивадыл та ногæй æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы хæлардзинады хæдзары. Архайдтой дзы театрты минæвæрттæ, драматургы хиуæттæ, йæ чызг æмæ йæ бинойнаг. Æрæмысыдысты, Хуыгаты Геор ирон театралон аивадæн цы стыр хæрзты бацыд, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кады аккаг
Категория:
Новости и СМИ