Æрыдоны спорткомплексмæ æрвылбон цæуы 500 адæймагæй фылдæр
Уæгъдибар хъæбысхæстæй ацы секцийы архайы 6-æй 12 азы онг 60 сывæллоны. Тренировкæты райдайæны уал хъæуы уæнгтæ аивазын, дарддæр — тохтæ. Уæдæ буар дæр хъуамæ хорз таса. Уæлдай æргом та — дисциплинæмæ. Хъæбысхæсты секцимæ цы фæсивæд цæуы, уыдон æдæппæтæй сты 381. Уалдзæджы ма ам байгом уыдзысты дзюдо, самбо и грекъаг-ромаг хъбысхæсты къордтæ. Волейболæй архайы 45 адæймаджы, къуыри æртæ хатты сахат æмæ æрдæг. Чыздждытæ ацы спорты хуыз уæлдай бирæ уарзынц. Æрыдоны спорткомплексы ма архайынц баскетбол, бокс æмæ аивадон гимнастикæйæ дæр. Уый тыххæй ам æппæт уавæртæ дæр ис. Залтæ иууылдæр инвентарæй ифтонг сты. Штаты — 40 адæймаджы. Комплекс байгом дыууæ азы размæ федералон проект "Спорт — царды нормæйы" æххуысæй. Ам вæййы социалон бонтæ дæр. Горæты цæрджытæ волейбол æмæ баскетболæй фæхъазынц. Уыцы бонтæ хонынц æнæниздзинады бонтæ. Спорткомплексмæ æмткæй райсгæйæ мин æмæ æрдæгæй фылдæр адæм цæуы.