Мæнг зынгсирвæзт
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ абон сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ. Æрхъуыдыгонд фæткмæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу ссыгъди æртæуатон фатер. Ирвæзынгæнджытæ хъуамæ арты уацарæй фервæзын кодтаиккой 8 адæймаджы. Фыдбылызы бынаты балæууыдысты нæ уацхæсджытæ дæр Бацæттæ нын кодтой мæнæ ацы æрмæг. Æрхъуыдыгонд фæткмæ гæсгæ, зынгсирвæзт æрцыд цæрæнуаты 10 -æм уæладзыджы. Зынгуыссынгæнджытæ уайтагъд арбахæццæ сты. Сæ хæс адæмы фервæзын кæнын. Судзгæ хæдзарæй сæ хъуамæ дзæбæхæй уынгмæ ракæной. Уый ма зæгъын хъæуы, æмæ лфтæй пайда кæнæн нæ. Тæссаг у. Арты уацары чи бахауы, æмæ йæхицæн йæ бон æттæмæ рацæуын гæнæн кæмæн нал вæййы, уыцы адæм та сæ зæрдæ æрмæст ирвæзынгæнджытыл фæдарынц. Ацы хатт дæр зынгхуыссынгæнджытæ цырд февнæлдтой адæмæн баххуыс кæнынмæ. Ныр уал цæуы ирвæзын кæныны операци. Иу уысммæ дæр байрæджы кæнæн нæй. Артимæ тохы бацыдысты. Кæд æмæ гæрзтæ уæззау сты, уæддæр тагъд схæццæ сты цæрдæг лæппутæ зынгсирвæзт кæм æрцыд, уыцы уæладзыгмæ. Сæ куыст бакодтой. Уынгæй сæм сæ цæст дарынц сæрмагонд штабæй. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады уæнгтæ зæгъынц, ахæм ахуыртæ ахъаз сты арæхстдзинадæн. Хыцау бахизæд, фæлæ æцæг фыдбылыз куы æрцæуа, уæд ирвæзынгæнджытæ хъагдардбаййафджытæн цырддæрæй баххуыс кæндзысты. Ифтонггонд та сты алы хуызон гæрзтæй. Æнæнхъæлæджы ма сæм æмбæхст ис ирвæзынгæнæн «дыс». Адæймагæн дзы ис бынат. Уый йæхи уæзы руаджы сындæггай бынмæ æрхизы. Ацы хатт дæр та ирвæзынгæнджытæ дыууæ зынгсирвæзты ахуыссын кодтой, цалдæр адæймаджы фервæзын кодтой. Ахуртæ ацыдысты куыд æмбæлы афтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мæнг зынгсирвæзт
Категория:
Новости и СМИ