Кæлæццаг хæдзар Бесæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Бирæ æнхъæлмæ кастысты ног цæрæнбынатмæ,фæлæ сын уый зæрондæй æдзæллагдæр разынд. Беслæны цæрджыты раивтой кæлæтдзагæй ног арæзт бæстыхаймæ.Сæ цин уыд фыццаг къæвдамæ. Пъадвал æмæ фыццаг уæладзыгтæ доны бын фесты. Хæдзары æддаг фарс афаз ис. Фæхуыдтой цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады минæвæрттæм дæр, фæлæ уыдон Беслæны цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, аиппытæ не `ссардтой.Тæрхондонмæ бахатын сæ бахъуыд, экспертизæ та æртыккаг хатт кæндзысты. Кæд лыггонд æрцæудзæн ацы фарста, уый базыдтой нæ уацхæсджытæ. Амондджын цæрджытæ уайтагъд райдыдтой хæдзар цалцæггæнæн куыстытæ. Фæлæ кæй зæгъын æй хъæуы, Хуыцауы дзæгъæлы. Æмæ афтæ цыппæрæм аз. Ацы хæдзар Беслæны Гагаринæйы уынджы сарæзтой "Кæлæтдзаг хæдзар раивын"-ы программæмæ гæсгæ. Æнхъæлмæ йæм кастысты 3 азы, фæлæ сын фыццаг къæвда сæ бæллиццтыл донкалæнтæ фæкодта. Пъадвал æмæ фыццаг уæладзыгтæ доны бын фесты,Уый тыххæй ног фатертæм сæ бон ралидзын нæ бацис. Рахизфарсы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы кусджытæ лыггæнинаг фарста аиуварс кæныны тыххæй спайда кодтой гидроизоляцийæ,фæлæ уавæр бынтон февзæр.Хæдзары æддаг фарс афаз ис. Цæрæнуæттæ-коммуналон хæдзарады минæвæрттæ ардæм куы рцæуынц,,уæд аиппытæ не ссарынц.Фæзæгъынц, ацы хъуыддаг æрымысгæ у,мæнг ныхæстæ сты.Тасты дон æрбахæссæм.Аххосджын дæр мах стæм. Тынг нæ фæнды ацы хæдзары æрбынат кæнын, банкъарын,куыд у ног хæдзары цæрын, уый.Фæлæ нын ацы бæстыхай маст йеддæмæ ницы æрхаста.Рæстдзинад кæм бацагурæм? Цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц,афтæмæй,бирæ рæттæм фыстой, дзуапп та сын раттынц алы хатт дæр иу: ныртæккæ ног хæдзармæ раивынæн гæнæн нæй. Бахатыдысты тæрхондонмæ,æнхъæлмæ кæсынц радон экспертизæмæ,уый хъуамæ сбæлвырд кæна раст чи у,уый. Зæгъын хъæуы уый.æмæ ацы экспертизæ фыццаг нæу,фæлæ æртыккаг.Æрхуыдтой ма сæрмагондæй сæрибар эксперты Ростовæй,уый хатдзæгмæ гæсгæ дæр, хæдзары цæрæн нæй. Йæ къултæ нал бæззынц æмæ сын ныккæлынæй тас у. Адæмы мастæн кæрон нæй.Бæстыхай санитарон домæнтæн дæр дзуапп нæ дæтты.Къултæ сты уымæл,уымæ гæсгæ сыл хъуына фæхæцыд.Хæдзары сæр хуынчъытæ,къæвда бон дзы дон цыхцырæгæй кæлы.Уæдæ фатерты æхсæнвæз дæр куыд загътой, уыййас нæу, фæлæ дзæвгар къаддæр. Ацы хъуыддагыл дзургæ дæр нæ кæнынц. Фылдæр тæрсынц хæдзары къултæ куы ныккæлой,уымæй. Ныридæгæн дæр гыццылгай згъæлынц. А дыууæ боны тæрхондоны кусджытæ цæрджыты курдиатмæ æркæсдзысты. Адæм сæ уавæрæй тынг стыхстысты.Хъæуы сæ ахæм хæдзар, хурбон сæ хур тынг куыд ма тава,къæвдабон та сыл тæдзгæ куыд нæ кæна. Гæззаты Зæринæ,Томайты Аланæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Кæлæццаг хæдзар Бесæны

Категория:

Новости и СМИ