Дзæуджыхъæуы иувæрсты цы фæндаг цæудзæн, уыцы куыстытæн се 'рдæг кæронмæ баххæст кодтой
Дзæуджыхъæуы иувæрсты цы фæндаг цæудзæн, уыцы куыстытæн се 'рдæг кæронмæ баххæст кодтой
Дзæуджыхъæуы иувæрсты цы фæндаг цæудзæн, уыцы куыстытæн се 'рдæг кæронмæ баххæст кодтой. Аразынц æй æртæ къæпхæнæй. Иннæ азы кæронмæ хъуамæ сцæттæ уа. Егъау проектыл Сергей Меняйло ныхас кодта Росавтодоры разамонæджы хæдивæг Андрей Самарьяновимæ. Фæндаджы уæрх уыдзæн 15 метры, дыууæрдæм дӕр фӕйнӕ дыууæ тæлмы . Фæндаджы бетон æвæрынц æртæ тагӕй. Уæзласæн хæдтулгæтæй йын тас нæу. Ног объект сифтонг кæндзысты рухсытæй, уыимæ дзы уыдзæн, къæвдайы дон кæдæм цæудзæн, ахæм æнæмæнг хъæугæ хызæгтæ. Фæндаджы былгæрон сæвæрдзысты, цæстытæ кæмæ нæ тартæ кæндзысты, ахæм бырутæ. Сифтонг ма сæ кæндзысты ног фæндаггон нысæнттæ æмæ сæрмагонд фæрæзтæй. Сæ уæлцъарыл та фæзындзæн, боныхъæдæн фæразон чи уа, ахæм амонæн хæххытæ. «Учитель», «Дарьял» æмæ «Надежда» æмхæларадты фæзындзысты ацæуæнтæ тротуартимæ. Транспорты хъæр цæмæй цæрджыты ма тыхсын кæнæ, уый тыххӕй «Учитель»-ы сæвæрдзысты хъӕриргъӕвӕн экрантӕ.