Зæххон цæрæгойты фылдæр хай цагъды фесты
Æцæгæйдæр, абарæн кæмæн ницæимæ ис, ахæм бæллæх æрцыдис Парижы. Фæлæ историон арфытæ куы басгарай, уæд ма дзы ноджы егъаудæр фыдбылызтæ дæр разындзæн. Сæ иу æркодта уымæ, æмæ зæххон цæрæгойты фылдæр хай цагъды фесты. Динозавртæн, уæлдайдæр та адæймагæн уæд сæ кой дæр нæма уыдис зæххы къорийыл. Фæлæ æрмæстдæр адæймагæн бантыст уымæн йæ аххосаг раиртасын. Уый тыххæй нырма ныр фехъусын кодтой. Куыд рабæрæг, афтæмæй историйы æнæмаст цыд фæкъахыр кодтой вулкантæ. Цæвиттон, ууыл бакуыстой Америкæ æмæ Китайы ахуыргæндтæ. Сæ иртæстытæм гæсгæ, цæрæгойтæ бындзагъд фесты вулканты газтæ æмæ æртхутæгæй. Уый нæ, фæлæ ма ахуыргæндтæ цы хуызæгтæм æркастысты, уым рабæрæг ис джынасуйы фæдтæ дæр. Хуызæгтыл цыдис, диссаг куыннæ у, фæлæ 252 милуан азы. Куы сæм æркастысты, ацы згъæр дæр дзы уæд ссардтой. арæх æмбæлы, вулканы рæстæг цы `взалы басудзы, уый хауæддзæгты. Фыццаг уал бахауд уæлдæфмæ, фæстæдæр æй къæвдатæ æрæхсадтой денджызтæ æмæ фурдтæм. Иукæддæр сæ быныл æрбадт, ныддур ис æмæ сæдæгай милуан азты сæрты бафтыд ахуыргæндты къухмæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ абонæй раздæр та иртасджытæ сбæрæг кодтой æндæр цау. Динозаврты чи ныццагъта, уыцы вулкантæ стыдтой рагон Индостаны фæзуатыл. Ууыл ма бафтыд, арвæй метеориттæ кæй æрæзгъæлд, уый дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Зæххон цæрæгойты фылдæр хай цагъды фесты
Категория:
Новости и СМИ