Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани ахицæн æнтыстджынæй æмæ æнæ къуылымпыдзинæдтимæ
Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани ахицæн æнтыстджынæй æмæ æнæ къуылымпыдзинæдтимæ. Уый тыххæй ведомствæты `хсæн къамисы æмбырды фехъусын кодта фæллой æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Мамайты Анджелæ. Сывæллæттæн баулæфыны фадат уыд 170 санаторон-дзæбæхгæнæн комплексы. Уыимæ ма Сау денджызы былгæрон дæр. Афæдзы райдианæй кампани аххæсыд 25 мин адæймагыл. Уæлдай æргом аздæхтой æнæ ныййарджытæй цы сывæллæттæ хъомыл кæны æмæ йе `нæниздзинад хъыгдæрд цы сабитæн у, уыдонмæ. Уыимæ ма ма æххуыс цух æмæ бирæсывæллонджын бинонты чи хъомыл кæны, уыцы фæсивæдмæ дæр. Уыдонæн бацæттæ кодтой профилон, тематикон сменæтæ, алыхуызон хъомыладон программæтæ. Фæсивæдæй 400 фадат уыд сæрдыгон рæстæг бакусын дæр. Рæстгмæ куысты бынæттæ сæ къухы бафтыд куыстдæттыны комитеты руаджы. æнæ æрхъуыдыйæ нæ ныууагътой ахуырадон аз æнтыстджынæй чи фæцис, уыдоны дæр. бар сын уыд саноториты бауылæфын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæрдыгон дзæбæхгæнæн кампани ахицæн æнтыстджынæй æмæ æнæ къуылымпыдзинæдтимæ
Категория:
Новости и СМИ