«Хистæр фæлтæр»
Ацæргæ адæмы интернат «Аудындзинад»-ы цæрджыты Ног азы агъоммæ бахъæлдзæг кодтой. Проект «Хистæр фæлтæр» æххæстгæнгæйæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ карджын адæм æмæ, йе 'нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдонæн сарæзтой хъæлдзæг бæрæгбон. Интернаты цæры 90 адæймаджы. Бацæттæ сын кодтой æхсызгон лæвæрттæ: стъолыл хъæзтытæ, ахорæн нывтæ, æрмдæсныйадæн æрмæджытæ. Ныр интернаты цæрджытæн сæ бон у сæхи ирхæфсын æмæ сæ уæгъд рæстæг æхсызгонæй æрвитдзысты. Хистæртæн раарфæ кæнынмæ сæм æрбацыдысты Алагиры скъоладзаутæ дæр. Уыдон бацæттæ кодтой лæвæрттæ æмæ сарæзтой концерт: дзырдтой æмдзæвгæтæ, зарыдысты æмæ кафыдысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«Хистæр фæлтæр»
Категория:
Новости и СМИ