45-æм маршрутон такситы шофыртæ сарæзтой митинг
45-æм маршрутон такситы шофыртæ сарæзтой митинг. Сæ ныхас цæуыл у, уый нын бамбарын кодтой афтæ. Бирæ азты транспортон фирмæ «Ротор» кодта бæлццæттæласæн куыст. Уыдис ын маршруты паспорт дæр. 2016-æм азы сын сæ фирмæ балæвæрдтой конкурсмæ. Фæлæ, цæмæдæр гæсгæ конкурс сæхгæдтой, фирмæйы куыст та баурæдтой. Уымæ гæсгæ, афтæ рауад æмæ ныр шофыртæ нымад сты æнæзакъон кусджытыл. Машинæты хицæутты ныхæстæм гæсгæ сæм алкæмæ дæр æмбæлгæ гæххæттытæ ис. Фæлæ фирмæмæ паспорт кæй нæй, уый тыххæй сæ æдзух ивар кæнынц. Шофырты масты дзæкъул байдзаг æмæ ныр сæ фыртыхстæй рацыдысты дзуаппагур. Адæмы кусын фæнды, фæлæ сын уыцы фадат нæ дæттынц. Республикæйы промышленность æмæ транспорты министрады специалисттæ байхъуыстой адæмы хъастмæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ, йæ рæстæджы конкурс арæзт уыд, транспортон фирмæ сæйраг домæнтæн дзуапп кæй нæ лæвæрдта, уый тыххæй. Уæвгæ, 5 йеддæмæ не сты: машинæтæ хъуамæ уой сыгъдæг æмæ дзуапп дæттой санитарон домæнтæн, шофырмæ хъуамæ фæткмæ гæсгæ кæной медицинон æмæ техникон æркаст, маршруттæм афоныл цæуой æмæ хъалонтæ фидой. Министрады кусджытæ архайынц фарста алыг кæныныл æмæ йæ хæстæгдæр рæстæг банывыл кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
45-æм маршрутон такситы шофыртæ сарæзтой митинг
Категория:
Новости и СМИ