Уæлахизы 75 азы бонмæ цæттæгæнæн комитетæн уыд æмбырд
Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты Уæлахизы 75 азы бонмæ цы кадджын мадзæлттæ снысан кодтой, уыдон хъуамæ ацæуой æмбæлгæ æмвæзадыл. Уый тыххæй бауынаффæ кодта цæттæгæнæн комитет «Победа»-йы уæнгтæн, хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Æрныхас кодтой сæйраг мадзæлтты нысангонд пълан куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй. Цæттæ кæнынц куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы районты дæр. Ацы аз фæнд кæнынц 90 мадзалæй фылдæр саразын - патриотон акцитæ, «Мысæн Вахтæ», спортивон ерыстæ, æфсæддон-патриотон хъæзтытæ, «Лæгдзинады уроччытæ», концерттæ æмæ теарты равдыстытæ. Пъланмæ бахастой бархионты акцитæ æмæ нывгæнджыты равдыстытæ дæр. Уæлдай ахсджиаг сты Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветерантимæ фембæлдтытæ. Уæлахизы бон ацæуæдзæн егъау æфсæддон парад, «Æнæмæлгæ Полк», концерт æмæ салют. Районты ацы аз фæнд кæнынц Советон Цæдисы Хъæбарты номыл мемориалон фæйнæджытæ гом кæнын, уыимæ ма хъуамæ базилой æфсæддонты ингæнтæм æмæ цыртытæм. Хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ муниципалон скондты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй номарæн бынæтты уавæрмæ рагацау æркæсой æмæ сæм сæ цæст дарой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлахизы 75 азы бонмæ цæттæгæнæн комитетæн уыд æмбырд
Категория:
Новости и СМИ