Битарты Вячеслав разамындæй ацыд терроризмы æмæ экстремизмы ныхмæ радон æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны кусынц, цæмæй мигрантты нымæц фылдæр ма кæна. Ацы фарстайыл ныхас кодтой терроризмы æмæ экстремизмы ныхмæ æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеселав. Æрдзырдтой терроризмы профилактикон мадзæлттæ куыд æххæст кæнынц, уый тыххæй. Уæлдай æргом аздæхтой мигрантты уавæрмæ, терроризм кæй аххосæй гæнæн ис æмæ парахат кæны, уымæ. Алы хуызон террористон организациты архайгæйæ, æндæр регионтæм сæ ныфс кæй бахæссынц, ууыл. Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты Министрады Экстремизмы ныхмæ центры хицау Гæдиаты Аслæнбег радзырдта цы куыст бакодтой, уый тыххæй. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уадзæн пунктты ацы аз нæ республикæмæ уазæгуаты æрцыдысты 186 фæсарæйнаг адæймаджы, фæстæмæ дзы сæ хæдзармæ араст ис 134. Цæмæй Цæгат Ирыстоны цæрджыты хсæн дæр терроризм ма парахат кæна, уый тыххæй бæрнон кусджытæ аразынц алы хуызон фембæлдтытæ. Ахæм æмбырдтытæ ацы аз ныридæгæн сарæзтой 100-йæ фылдæр. Æппæтадæмон террористон организациты тыххæй куы дзурæм, уæд дзы цæгатирыстойнæгтæ нæ архайынц. Уый сбæлвырд кодтой æмбырды. Уымæй уæлдай ма ныхас кодтой Хъæлæскæныны бонмæ, стæй æндæр дзыллон мадзæлтты æдасдзинады домæнтæ куыд æххст кæндзысты, уый тыххæй дæр. Æппæт фарстатыл Битарты Вячеслав бахæс кодта бакусын æмæ цы уынаффæтæ рахаста, уыдон сæххæст кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Битарты Вячеслав разамындæй ацыд терроризмы æмæ экстремизмы ныхмæ радон æмбырд

Категория:

Новости и СМИ