Фæлварæнтæм – цæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарæг управленийы разамонæг Сергей Кравцов цыппæрæм хатт сарæзта æппæтуæрæсеон фембæлд ныййарджытимæ. Уый сын бантыст видеобастдзинады фæрцы. Къуырийы дæргъы ныййарджытæ сæ фарстатæ æрвыстой Уæрæсейы ахуырадмæ цæстдарæг органы сайтмæ. Æдæппæтæй уыдысты 3. Сæ фылдæр баст сты 2019-æм азы иумæйаг паддзахадон фæлварæн æмæ кæронбæттæны аттестациимæ. Æрдзырдтой ма зонындзинæдтæ бæрæг кæныны æппæтуæрæсеон куыстытыл, ахуырады хæрзхъæддзинад бæрæг кæныны, национ иртæстыты æмæ фæсарæйнаг æвзаджы æнæмæнг фæлварæны тыххæй. Хатдзæгтæ скодтой, 2018-æм азы иумæйаг паддзахадон фæлварæн куыд радтой, уымæн дæр. Радон хатт фæнысан кодтой, сывæллæттæ алы предметтæй фæлварæнты рæстæг цы зындзинæдтимæ сæмбæлынц, уыдон дæр. Æмбырды архайджытæ бафиппайдтой – цæмæй фæлварæн æнцондæрæй дæттæн уа, уый тыххæй зонындзинæдтæ бæрæггæнæн  æппæтуæрæсеон куыстытæ фыссын хъæуы райдиан кълæсты дæр. Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрады куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй сæ ахуыры азы дæргъы фысдзысты цалдæр хатты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фæлварæнтæм – цæттæ

Категория:

Новости и СМИ