Хуссар Ирыстоны доны станцæйы хи наййыны бар нæма ис соц
Цхинвалы доны станцæ кæд горæты цæрджыты уарзондæр хиирхæфсæн бынат у, уæддæр дзы арæх æрцæуы фыдбылызтæ. Хи найыны бар дзы хатгай нæ фæдæттынц, фæлæ рæзгæ фæлтæры ацы `нтæфы цы хъуамæ баурома. Афтæ рауад ивгъуыд къуырийы кæрон дæр - иу лæппу дзы фæдæлдон. Аххосджын чи у, уый равзарынæн бирæ нæ хъæуы. Фæлæ адæймаг хъуамæ йæхæдæг дæр бæрнон цæстæй кæса йе `дасдзинадмæ. Зæгъæн ис, æмæ Хуссары цы бæллæх æрцыд, ахæм æнамонд цаутæй Цæгат Ирыстон дæр хызт нæ вæййы. Цыфæнды фæдзæхстытæ куы кæнай сывæллæттæн, уæддæр сæм ацы `нтæфы сæхи доны баппарынæй хуыздæр ницы кæсы. Афтæмæй та Цхинвалы доны станцæйы хи найыны бар нæй. Æвзыгъд адæмы рохтыл æрхæцыны хæс æппынæдзух йæхимæ райсы бынæттон санитарон службæ, дон иууыл сыгъдæг нæу, зæгъгæ, хъусынгæнинагимæ. Афæдзæй-афæдзмæ адæмы фыдбылызæй хизынц æмæ сæм афæдзæй-афæдзмæ хъусæг нæй. Горæты администрацийы руаджы йын йæ бын ныссыгъдæг кæнынц, фæлæ уый фаг хъомыс нæ разыны доны сыгъдæгдзинадæн. Куыддæр хур зæххыл атулы, афтæ йын йæ былгæрæттæм адæм ныххал вæййынц. «Администрацийы номæй хъусын кæнын, доны станцæ нырма фаг цæттæ кæй нæу хи найынмæ. Дон дзы зилдух нæ кæны, уымæ гæсгæ санитарон æгъдауæй йæ уавæр у зæрдæхсаинаг. Специалисттæ дæр ууыл дзурынц. Æмæ цалынмæ дон хуыздæр уавæры нæ уа, уæдмæ дзы хизыны бар нæй. Куы уа, уæд æй хъусын кæндзыстæм», - Цхинвалы администрацийы коммуналон хæдзарады хайады разамонæджы хæдивæг Джиоты Юрий. Афтæ рауад, æмæ уыцы æнамонд бон доны станцæйы нæ уыдис радгæстæ. Уыдон дзы хъуамæ æдасдзинадмæ сæ хъус дарой. Ивгъуыд къуырийы кæрон цады цы фыдбылыз æрцыд, уый фæстæ ныхас æппарын райдыдтой горжты администрацимæ æмæ æнæнхъæлæджы цауты министрадмæ. Уыцы-иу рæстæг министрады куыд загътой, афтæмæй сæм нæй ахæм тыхтæ, æмæ дзы æппынæдзух сæ кусджытæ радгæс лæууой. Дæнцæгæн æрхæссынц Уæрæсейы ирвæзынгæнæн службæйы куысты фæтк. «Уыцы ран адæмы доны объектты цур æдасдзинад æнæнхъæлæджы уавæрты министрады бæрны нæй. Фылдæр уыцы куыст кæнынц, муниципалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм организацитæ. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны уыцы хæстæ сты «Россоюзспас»-ы бæрны. Уыдон та æнæнхъæлæджы цауты министрады сконды не сты. Нæхи кой куы кæнæм, уæд нæм ис агурæн-ирвæзынгæнæн службæ. Фæлæ нæ адæмы донæй ирвæзын кæныны хæстæй ничи сифтонг кодта. Уый нæ, фæлæ нæ тынг куы бафæнда, уæддæр нæ тыхтæ уыйас нæ амонынц, цæмæй дзы æхсæвæй-бонæй рады лæууæм», - Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министры хæстæ æххæстгæнæг Бестауты Ацæмæз. Горæты администраци ныр цалдæр азы архайы хъуыддаг банывыл кæныныл. Суанг ма ирвæзвнгæнджытæм сæрмагонд адæмы дæр барвыста, цæмæй сæ куыстыл фæцалхæ кæной. «О, уый раст у. 3 азы нæм-иу цыдысты, ирвæзынгæнæн куыстыл кæй æфтыдтам, ахæм фæсивæд. Цы нæ бон уыд, ууыл сæ ахуыр кодтам. Зæгъæм, чи фæдæлдон, уыдонæн фыццаградон медицинон æххуыс кæныныл. Суанг ма сын сæ кусæн бынат дæр сифтонг кодтам, куыд æмбæлы, афтæ», - Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы цауты министры хæстæ æххæстгæнæг Бестауты Ацæмæз. Уыцы рæстæг та уал горæты администраци сиды адæммæ, цæмæй сæхи хъахъхъæной æмæ донмæ ма хизой. Уыцы бар сын ратдзысты, куыддæр йæ санитарон уавæр банывыл уа, афтæ. Хъулаты Юрий _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны доны станцæйы хи наййыны бар нæма ис соц
Категория:
Новости и СМИ