Физкультурон-спортивон æхсæнад «Динамо»-йыл сæххæст 96 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Абон у физкультурон-спортивон æхсæнад «Динамо»-йы гуырæн бон. Сæххæст ыл 96 азы. Йæ истори æнæфæхицæнгæнгæ у æгас бæстæйы историйæ. Æхсæнад равзæрд 1923-æм азы Уæрæсейы мидхъуыддæгты адæмон комиссар Феликс Дзержинскийы хъæппæрисæй. Йæ фыццаг сæрдар дæр йæхæдæг уыдис. Æхсæнад фадат радта мидхъуыддæгты кусджытæн спортмæ æмхиц уæвынæн. Ахæм хæстæ «Динамо»-йыл æвæрд ис ныр дæр, кæд æмæ йæ архайджыты нымæц рагæй акаст æнæнымæц спортсменты сæрты. Уæдæ йæм бар чи дары, уыдон дæр канд барадхъахъхъæнджытæ рагæй нал сты. Бирæтæ та дзы систы Олимпаг хъæзтыты æмæ дунейы чемпионтæ. Æхсæнадæн ис йæхи дæлхайæдтæ Уæрæсейы алы регионы дæр. Йæ бæрны ис 200 спортивон объекты, лæварæй дзы се `нæниздзинадыл архайынц 1000 фылдæр спортивон скъолаты æмæ секциты хъомылгæнинæгтæ. Национ ерыстæм та алы хатт бацæттæ кæнынц 60 командæйæ фылдæр. Раппæлыны аккаг у уый дæр, æмæ æрвылаз спортивон æхсæнад «Динамо»-йы хъæппæрисæй Уæрæсейы саразынц 100 турнирæй фылдæр. Ныридæгæн æхсæнады сæ хъус дарынц спорты 70 хуызмæ, уыдонæй 44 сты, Олимпаг хъæзтыты программæмæ кæй бахæссынц, ахæмтæ. 1 мин æмæ 300 спортсмены фæткмæ гæсгæ хаст æрцæуынц Уæрæсейы иугон командæты номхыгъдмæ спорты 50 хуызæй. Æгас бæстæйы 230 мин сывæллонæй цæуынц ацы `хсæнады спортивон секцитæм. 300 мины та бавæййынц, «Динамо» бар цы ерыстæм фæдары, уыдоны архайджытæ. Аккаг æвæрæн æппæт бæстæйы æхсæнады цардхъомдзинадмæ хæссынц Цæгат Ирыстоны дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Физкультурон-спортивон æхсæнад «Динамо»-йыл сæххæст 96 азы

Категория:

Новости и СМИ