Дыгуры районы æрдзон фыдбылызы тыххæй фæмард иу адæймаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

50 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Дыгуры районы æрдзон фыдбылызы тыххæй фæмард иу адæймаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

50 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

50 просмотров

3 года назад

Республикæйы иуварс кæнынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ. Цы тыхджын их æруарыд, уый тынг бахъыгдардта Дыгуры район. Дигорайы хæдзæрттæм дон бакалд. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæ ныккæндтæй цъирынц дон, сыгъдæг кæнынц хидтæ. Тыхджын уарынтæ стыр зиан æрхастой районы зæхкусджытæн дæр. Дон бахъыгдæрдта быдырты 1000 гектарæй фылдæр. Боныхъæды ахоссæй трассæйыл æрцыд фæндаггон фыдбылыз. Фæмард дзы иу адæймаг. Рог хæдтулгæ цыд Æрыдоны 'рдæм, бадтис дзы дыууæ бæлццоны. Цæугæдон Дур-Дуркæ йæ былтæй кæй ракалд, уый аххосæй машинæйы шофыр хæдтулгæ баурæдта. Йæ фæстæ цы хæдтулгæ цыд, уый шофыр цырд нæ фæллæуыд æмæ цы машинæ æрлӕууыд, уый фæсте сцавта. Хæдтулгæ былæй асхъиудта. Сылгоймаджы æмæ афæдздзыд сывæллоны аирвæзын кодта Мидхъуыддæгты министрады кусæг. Уый разынд бынаты. Шофыр фæмард. Зноны боныхъæды фæстиуджытæ иуварс кæнынц Дзæуджыхъæуы коммуналон службæтæ дæр. Дысон сæйраг парчы афæлдæхтысты цыппар бæласы. Раздæр сæ «ВладЛесЭкология» банымадта, афадын кæй хъæуы, ахæмтыл. Куыстытæ хъуамæ баххæст кодтаиккой 1-æм июны, фæлæ Сывæллæтты хъыхъхъæныны дунеон бон кæй бæрæг кодтой, уый тыххæй æппæт мадзæлттæ аргъӕвтой дыккаг бонмæ. Абон специалисттæ бынаты куыстой сæумæрайсомæй. Æдæппæтæй 15 адæймагæй фылдæр æмæ техникæйы 7 иуæджы. Райсомы фондз сахатæй фæстæмæ сыгъдæг кодтой фæндæгтæ.

, чтобы оставлять комментарии