Цы кусут, ууыл хъуыды кæнут
01 – æвæстиаты службæйы телефоны номыр. Иууылдæр æй зонæм. Фæлæ арæх афтæ рауайы æмæ дзы хынджылæгкаг саразынц. Цыфæнды уæд, æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ, ирвæзынгæнджытæ æмæ зынгхуыссынгæнджытæ уайтагъд æххуысмæ хъуамæ цæуой. Бынатмæ куы `рхæццæ вæййынц, æрмæстдæр уæд рабæрæг вæййы мæнг хъусынгæнинаджы хабар. Арæхдæр ахæм митæ фæкæнынц сывæллæттæ, кæнæ психикон низтæй сæйгæ адæм. Æрмæст ацы аз Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад сбæлвырд кодта 46 мæнг хъусынгæнинаджы. Фæлæ сайæгойтæ кæд хынджылæг æввонгæй æрбадзурынц, уæд сæ ивар кæныны хъуыддаг та æцæг у. Уæрæсейы Федерацийы Административон кодексмæ гæсгæ, ивары бæрц у 1000-æй – мин æмæ рдæджы онг сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цы кусут, ууыл хъуыды кæнут
Категория:
Новости и СМИ