Нывгæнæджы кадæн
Сырх-Дыгуры байгом кодтой зындгонд скульптор Гадаты Лазары мемориалон фæйнæг. Номарæн мадзалмæ æрмдæсныйы райгуырæн хъæумæ æрæмбырд сты йæ хæстæджытæ, бынæттон æцрджытæ, суанг ма уазджытæ Мæскуы æмæ Словакийæ дæр. Фæйнæг байгом кодтой хъæуы скъолайы фæзуаты. Йæ автор у Цæгат Ирыстоны адæмон нывгæнæг Соскъиты Владимир. Йæхæдæг дæр Сырх-Дыгурæй у. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ Гадаты Лазарь Советон Цæдисы Нывгæнджыты иугонды уæнг кæй уыд. Архайдта бирæ æппæтуæрæсеон æмæ æппæтдунеон равдыстыты, бирæ скульптурæты автор. Йæ куыстытæ йын фенæн ис Ереван, Дзæуджыхъæу æмæ Сеулы. 2008-æм азы Гадаты Лазарæн саккаг кодтой майдан «Ирыстоны намысæн». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Нывгæнæджы кадæн
Категория:
Новости и СМИ