Журнал «Мах дуг» бæрæг кæны йæ 85 азы юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Литературон-аивадон æмæ æхсæнадон-политикон журнал «Мах дуг» сбæрæг кодта йæ юбилей. Сæххæст ыл 85 азы. Кадджын мадзал сарæзтой республикæйы национ наукон чиныгдоны. Сæмбæлыдысты йæм журналы редакцийы ныртæккæйы æмæ раздæры кусджытæ, фысджытæ, поэттæ, хицауады, аргъуаны, æхсæнадон организациты æмæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Мадзалы архайдта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег дæр. Уый нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй бакаст йæ арфæйы ныхас. Уазджытæн равдыстой цыбыр киноныв журналы историйы тыххæй, журналы куыст æвдисæг хуызистытæ, бацæттæ кодтой раздæры чингуыты равдыст дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, журналы фыццаг чиныг рухс федта 1934-æм азы. Алы азты йæ алыварс разæнгардæй лæууыдысты Коцойты Арсен, Малиты Геуæрги, Къубалты Алыксандр, Барахъты Гино, Илас Æрнигон, Нигер, Гулуты Андри æмæ ма нæ бирæ разагъды лæгтæ. «Мах дуджы» хъæздыг историйы кой кодтой юбилейы уазджытæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Журнал «Мах дуг» бæрæг кæны йæ 85 азы юбилей

Категория:

Новости и СМИ