Табуафси, мидæмæ!
28-æм октябрæй фæстæмæ Дзæуджыхъæумæ тæхын райдайдзысты Уæрæсейы авиацийы раздзæуæг компани – «Аæрофлот»-ы хæдтæхджытæ. Рейсытæ кæндзысты Мæскуыйы аэропорт Шереметьево-йæ. Уырдыгæй-иу ратæхдзæн æрвылрайсом 8 сахатыл, Дзæуджыхъæумæ-иу æрхæццæ уыдзæн 10 сахаты æмæ 40 минутыл. Фæстæмæ-иу Дзæуджыхъæуæй араст уыдзæн 11 сахаты æмæ 40 минутыл Мæскуымæ 14 сахаты æмæ 15 минутыл ныххæццæ уæвгæйæ. Билеты аргъ — 8 мин сомы. «Аэрофлотæй» уæлдай ма Цæгат Ирыстонмæ йæ ных сараздзæн æндæр компани дæр – «Нордвинд». Уый хауы Уæрæсейы егъаудæр дæс авиакомпанийы номхыгъдмæ. Йæ хæдтæхджытæ уымæн дæр тæхдзысты Шереметьево-мæ. Мæскуыйæ рейс нысангонд у 8 сахаты æмæ 25 минутмæ, Дзæуджыхъæумæ-иу æрхæццæ уыдзæн 11 сахатыл. Фæстæмæ-иу аздæхдзæн 12 сахаты æмæ 15 минутыл. Мæскуыйы-иу æрбаддзæн 14 сахаты æмæ 55 минутыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Табуафси, мидæмæ!
Категория:
Новости и СМИ