ЦИПУ йы экономикæ æмæ разамынды факультет бæрæг кæны йæ юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты экономикæ æмæ разамынды факультет бæрæг кæны йæ юбилей. 50 азæй фылдæр йæ къæсæрæй рахизы фæлтæрдджын специалисттæ. Рæстæгимæ кæд бирæ хъуыддæгтæ аивтой, уæддæр зæрдæхсаинаг нæу факультеты студенттæ зонындзинæдтæ цы бæрзонд æмвæзадыл исынц, уый. Гаглойты Максимæн тагъд йæ ахуыртæ райдайдзысты. Зæрдиагæй сæм фенхъæлмæ кæсы. Цух никуы фæкæны. Куыд зæгъы, афтæмæй ын ам ахуыр кæнын тынг цымыдисаг у. Лæппу экономикæйы къабаз сабибонтæй уарзта. Уымæ гæсгæ факультет æвзаргæйæ дызæрдыг нæ кодта. Ныртæккæ дæр йæхицæй разы у. Экономикон факультет ма каст чи фæци, уыдонæй иу у Бутаты Хъасполат. Ныртæккæ рæстæгмæ æххæст кæны республикæйы финансты министры бартæ. Кæд ахуыртæм рагæй нал цæуы, уæддæр сæ арæх æрымысы. Фыццаг хатт факультеты къæсæрæй бахызт 1992 азы. Ацы бынат ын ссис уарзон. Экономикон факультеты студенттæй бирæтæ сæ райгуырæн факультетмæ фæстæмæ æрыздæхдысты кусынмæ. Се `хсæн Огъуаты Алан. Уый ма ахуыргæнæндонæн суанг разамынд дæр дæтты. Студент куы уыд, уыцы рæстæг арæх æрымысы. Йæ уарзон хæлæртты æмæ куырыхон ахуыргæнджыты. Университеты ныртæккæйы ректор куыд зæгъы, афтæмæй экономикон факультеты студенттæ сæхи уæлдай хуыздæр æнкъардтой. Огойты Алан, ЦИПУ-йы ректор: «Студент уæвыны гæххæтытæ нын кадджын уавæры факультеты декан Токаты Ной Хасамбийы фырт ратта. Мадзалы архайдта ректор Мæхæмæтты Ахуырбег. Уый тынг тынг ахсджиаг хъуыддаг уыд. Нæхи банкъардтам Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæй, уыимæ ма экономикон факультеты. Уый нын кады хос уыд. Тынг хорз рæстæг уыд. Ахуыргæнджытæ нын сæ зонындзинæдтæ не вгъау кодтой». Раст зæгъгæйæ экономикæ æмæ управленийы факультет фыццаджыдæр сæрыстыр у йæ студенттæй. Уыдон æппынæдзух кусынц сæхиуыл. Бæрзонддæр кæнынц сæ зоындзинæдтæ. Архайынц наукон-иртасæн куыстыты. Уыимæ ма æнтыстджынæй. Арæх свæййынц алыхуызон конкурсты уæлахиздзаутæ. Ацы æппæт хъуыддæгтæ сæ къухы фтиынц ахуырмæ æмхиц кæй сты, уый руаджы. Цæлагкаты Людмила, ЦИПУ-йы экономика æмæ разамынды факультеты декан: «Факультет тынг сæрыстыр у йæ рауагъдонтæй. Тынг зынгонд адæм рацыд махæй. Фыццаджыдæр -Цæлыккаты Руслан. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг. 7 вице-премьеры æмæ 14 министры, дæсгай куцыстуаты разамонджытæ. Наукæмæ дæр стыр æвæрæн бахастам». Факультеты наукон куыстмæ се ргом тынг æздахынц. Ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй афтид ахуыртæ зонындзхинæдты бæрзæнттæм схизынмæ фаг не сты. Фæндзай азæй фылдæр фыссы факультет йæ истори. Иу фæлтæр иннæйы ивы. Уыимæ ма сæхи царды дæр ссардтой. Кæддæр уыдон дæр экономикон факультетмæ фыццаг хатт æрбахыстысты. Фыццаг хатт сбадысты партæйы уæлхъус. Уыдис сын стыр бæлиццтæ. Бирæтæн сæххæст сты. Ныр та æрыгон фæлтæры рад у. Сæ уарзон факультет кæд фæндыдæр сæ фарсмæ æрбалæудзæн. Фæкæсдзæн сæм æмæ раст фæндаг бацамондзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

ЦИПУ йы экономикæ æмæ разамынды факультет бæрæг кæны йæ юбилей

Категория:

Новости и СМИ