«HIKOND»
Сфæлдыстадон лаборотори «Портал» абон йæ дуæрттæ байгом кодта Дзæуджыхъæуы цæрджытæн æмæ республикæйы уазджытæн. Сарæзтой хиконд дзаумæтты равдыст. Хуыздæр æрмдæснытæ дзы равæрдтой сæ куыстытæ. Уæлæдарæс, ирон национ ахорæнтимæ, зæрингуырдты куыстытæ, сувениртæ. Иронау чи дзуры, ахæм хъазæнтæ. Сапонæй конд хъайтартæ. Алыхуызон косметикæ æмæ ма бирæ æндæр дзаумæттæ. Уыди сæ балхæнæн дæр. Æрмдæснытæ дзуæппытæ лæвæрдтой æрбацæуджыты фæрстытæн. Уазджытæ уыдысты дзæвгар. Се`хсæн нæ республикæйы фæсивæды комтеты сæрдары хæдивæг Бекъойты Аслæбег. Уый Битарты Вячеславы номæй Порталы архайджытæн балæвар кодта кады гæххæт. Ахæм хуызы сæ фарс рахæцыд. Уызджыты канд Цæгат Ирыстонæй нæ, фæлæ ма фæсарæнтæй дæр уыдысты. Мадзал сæ зæрдæмæ фæцыд. Изæрырдæм сæ бахуыдтой арты фарсмæ. Акодтой ирон зарджытæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, равдыст цымыдисаг æмæ æнæмæнг хъæугæ у. Алы армукъайы фæстæ дæр æрмдæсныты базоны фылдæрæй фылдæр адæм. Æмæ уый у йæ сæйраг хъуыды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
«HIKOND»
Категория:
Новости и СМИ