Дæргъæвсы скъола фидæны аз сцалцæг кæндзысты

Зассеты Сæрмæт Дæргъæвсы скъолайы иунæг фыццагкъласон у. Партæйы уæлхъус æмæ журналы номхыгъды æмкъласонтыл нæ сæмбæлы. Уымæ гæсгæ æппынæдзух дæр вæййы цæттæ. Æнцонæй баххæст кæны математикæйы зын хæслæвæрдтæ, сахуыр кæны иннæ уроктæ дæр. Скъолайы рауагъдонты кълас дæр иунæг у. Ахуыр дзы кæны æрмæст 6 адæймаджы. Ахуыргæнджытæ алы ахуыргæнинагыл дæр аххæсы. Бæстонæй сæ цæттæ кæнынц Паддзахадон фæлварæнтæ раттынмæ. Уæлæмхасæн уроктæ дæр сын скæнынц. Чысыл скъолаты ахуырадон цыды йæхи хицæндзинæдтæ ис. Хицæндзинæдтæй æппæты æхсызгондæр, æвæццæгæн у æрдз. Алæмæты рæсугъд бынаты физкультурæйы урокты архайын. Уымæй уæлдай ма æвзонг фæсивæд архайынц уæлæмхасæн къордты. Зæгъæм, бæстæзонынады кълæсты. Сыхаг хъæутæм ацæуынц зонадон балцыты, ссарынц дзы рагон дзауматæ. Цалдæр азмæ экспонаттæ сæмбырд кодтой чысыл музейы фаг. Дæргъæвсы скъола Цæгат Ирыстоны рагондæртæй иу у. Бирæ скъоладзаутæ дзы никуы уыд, фæлæ ацы аз сæ нымæц зынгæ фæкъаддæр. Æдæппæтæй сты 12. Адæм хæххон хъæутæй горæтмæ лидзынц, зæгъы скъолайы директор Баййаты Светланæ. Æнусон историимæ скъолайы бындуронæй сцалцæг кæндзысты фидæны азы. Байгом дзы кæндзысты «Рæзты тæлм» дæр. Ахуырадон центры сывæллæттæн амондзысты дронтимæ архайын, фыццаг медицинон æххуыс бакæнын, 3D-моделированийы бындуртæ сахуыр кæныныл. Ныр фæсивæд кусдзысты сæхи проекттыл, архайдзысты регионалон æмæ федералон конкурсты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 454 подписчика
12+
6 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии