Ном мысгæйæ
Дзæуджыхъæуы ма абон æрымысыдысты Уæрæсейы зындгонд артист, зарæггæнæг, композитор Хъуылаты Елхъаны рухс ном. Абон зындгонд артист кæм цард, уыцы хæдзары къулыл байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Мадзалы архайджытæн Хъуылаты Елхъаны цардвæндаджы тыххæй радзырдта Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Баскаты Уырызмæг. Ныхасы бар ма радтой артисты чызг Стыр театры сæйраг оперæйы зарæггæнæг Хъуылаты Агуындæ. Фæйнæг байгом кодтой Хъуылаты Елхъаны фырт Алан æмæ йæ фырты фырт Даниил. Мадзалы архайдтой артисты хиуæттæ, зонгæтæ æмæ æмкусджытæ. Фысымуат «Александровский»-ы уыд сæрмагонд пресс-конференци. архайдтой дзы Хъуылаты Елхъаны бинонтæ. Артисты сывæллæттæ радзырдтой сæ сабибонтæй сæ фыдимæ баст хъæлдзæг цауты тыххæй. Куыд зæгъынц афтæмæй кæд сæ фыдæн уæгъд рæстæг æппындæр нæ уыд, уæддæр иу йæ бинонтæ уыдысты фыццаг бынаты æвæрд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ном мысгæйæ
Категория:
Новости и СМИ