Арвæй - тымбыл къухæй æртхъирæн
Амынд æмбырды ма ныхас кодтой ихуарды ныхмæ мадзæлттыл дæр. Фæнысан кодтой æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ аиуварс кæныны гæнæнтæ. Аслам аргъæй не фты уый къухы. Зæгъæм, тæрккъæвдаты æмæ ихы ныхмæ сæрмагонд ракетæтæ иу сезонмæ бахъæуы 2 мины бæрц. Ахæм бæрæггæнæнтæ фехъусын кодта метеорологон æфсæддон хайады командир Дзапарты Хъазыбег. Куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы хъæууон хæдзарады зæххытæй 200 мин гектары хъахъхъæнинаг сты. Сæ бон сыл аххæссын у 15 сармадзанæй. Хайады кусы 85 адæймаджы, æййафынц зындзинæдтæ. Фыццаджыдæр – сæ службæ æмæ æндæр уагдæтты æмгуыстадæй. Ома, цалынмæ кусджытæ бæрнон рæттæй бардæттæг уынаффæмæ фенхъæлмæ кæсынц, уæдмæ их зæххыл сæмбæлы. Уый нæ, фæлæ ма хатт хъæуты сæрмæ дæр сармадзантæй æхсæн нæ вæййы. Уæдæ ракетæтæ сæхæдæг дæр, раст цыма сызгъæринæй конд сты, уыйау зынаргъ сты. Командиры ныхæстæм гæсгæ, сæ аргъыл алы аз дæр æфты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Арвæй - тымбыл къухæй æртхъирæн
Категория:
Новости и СМИ