Дзæуджыхъæуы ацыд парламенты радон æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 лет назад

Республикæйы парламентарийтæ бахастой сæ хъæппæрис, цæмæй денджызы цæрæгойты ахсын мауал уадзой. Уыцы закъонмæ гæсгæ фадат нал уыдзæн, æрдзон уавæрты чи схъомыл, уыцы цæрæгойтæй дзаг кæнын дельфинарийтæ æмæ денджызон цирктæ. Уыимæ бар уыдзæн сæ нымæц фылдæр кæнын, æхгæд уавæрты чи райгуырд, ахæм цæрæгойтæй. Уымæй уæлдай фæнд рахастой мауал уадзын ирхæфсæн мадзæлтты пайда кæнын дельфинтæ, хъæддаг хуытæ æмæ галгæфтæй. Дзырдтой ма национ проект «Безопасные качественные дороги»-йы реализацийы хатдзæгтыл. Сæрмагондæй, горæты рельсытыл цæуæг транспорты инфраструктурæ сног кæныны тыххæй æмæ йæ райрæзтыл бацархайыныл. Æхцайы фææзтæ хъуамæ ист æрцæуой регионалон æмæ муниципалон фæндæгты фондты бюджетæй. Уыцы хъæппæрисимæ дæр депутаттæ сразы сты. Æмбырды æткмæ гæсгæ ма æркастысты амалиуæггæнджыты фарстатæм. Уыцы къабазы фæнд рахастой, цæмæй чысыл æмæ астæуккаг бизнесы архайджытæ Уæрæсейы кодексмæ гæсгæ админстративон æгъдауæй фыццаг уагхæлды фæдыл иварты бæсты æфхæрд æййафой уайдзæфы хуызы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv