Парти «Иугонд Уæрæсе» сарæзта æрвылазон акци «Огненные картины войны»
Парти «Иугонд Уæрæсе» сарæзта æрвылазон акци «Огненные картины войны»
Парти «Иугонд Уæрæсе» сарæзта æрвылазон акци «Огненные картины войны», зæгъгæ. Уæлахизы фæзыл дысон 10 мин судзгæ цырæгътæй сæвæрдтой зындгонд танк Т-34-ы ныв. Инсталляци бацахста 50 квадратон метры. Æппæтадæмон акци сарæзтой партион проект «Историческая память»-ы фæлгæты. Мадзалы бацархайдтой депутаттæ, бархионтæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, Дзæуджыхъæуы цæрджытæ. Паддзахадон фонд «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» республикон филиал дæр бацархайдта патриотон акци «Свеча Памяти»-йы. Сарæзтой йæ Советон Цæдисы хъæбатыр Петр Барбашовы номыл фæзы. Райсомы 4 сахатыл, Фыдыбæстæйы стыр хæст цы минуттыл райдыдта, уæд фонды кусджытæ æмæ республикæйы фæсивæдон æмæ патриотон организациты архайджытæ ссыгътой намысы цырæгътæ. Ацы мадзал уæлдай хатт дзурæг у, нæ бæстæйы истори æмæ хъайтарты рох кæнын кæй нæ хъæуы, стæй æвдисæг у, куыд æгъатыр æмæ карз у хæст.