Уæрæсейы фæфылдæр уыдзæн æппæтæй къаддæр мызды бæрц
Владимир Путин фæфылдæр кодта æппæтæй къаддæр мызды бæрц. Скодта йæ цæрыны фаг æхцайы бæрцы онг. Закъон мыхуыргонд ис барадон хъусынгæнинæгты официалон сайты. Уыцы хæрдзтæн федералон бюджетæй радих кæндзысты 60 миллиард сомы. Уымæй размæ документ сфидар кодта Федерацийы Совет. Ног азæй фæстæмæ æппæтæй къаддæр мызды бæрц уыдзæни 9489 сомы. Афæдзы фæстæ ма йыл бафтдзæн 15%. Ныртæккæ уыцы бæрц у 7 мины æмæ 800 сомы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, уыцы бæрц хицауад снысан кæны, бæстæйы цæрджыты социалон уавæр сбæрæг кæнын тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæрæсейы фæфылдæр уыдзæн æппæтæй къаддæр мызды бæрц
Категория:
Новости и СМИ