Асфальт донимæ фидауы?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Ахст адæмы бартæ хорз, фæлæ хæдтулгæты шофырты бартæ та чи бахъахъхъæндзæн? Цæмæн афтæ зæгъæм, уый ныртæккæ бамбарын кæндзыстæм. Цы видеокадртæ уын равдисинаг стæм, уыдон нæм абон æрбарвыстой Фыййаджыбылы цæрджытæ. Цæвиттон, изæрырдæм цы къæвда рацыд, уый уæ алчидæр федта. Фæлæ æрдзон фæзынд Фыййаджыбыл æмæ Рассветыхъæуы `хсæн фæндагаразджыты цæстыты рæзты рацыд. Æндæр сæх-сæхгæнгæ доны цыхцырджыты бын асфальт æвæрæн куыд хъуамæ уа? Раст мæнæ ацы кадрты куыд ис, афтæ. Кусджытæм къæвда нымады дæр нæ уыд. Тæвд асфальты фæлтæртæ доны сæрыл калынæй сын бауромæн нал уыд. Цастæ фидар фæндаг уыдзæн, ууыл дæр уæдæ уæхæдæг ахъуыды кæнут. Æнæуый дæр, бынæттон цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, дыууæ хъæуы `хсæн фæндаг лæгæвзарæнæй уæлдай нæ уыд. Ныр ма йыл донызмæст асфальт куы байсæрдой, уæд хъуамæ цы уа? Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ республикæйы разамынд ныртæккæ фæндæгты арæзтадмæ уæлдай цæст дары. Фæлæ ахæм фæсвæд рæттæ, æвæццæгæн, æнæзынгæйæ аззайынц. Æмæ уæд къæвдайы малты асфальт ныккалын дæр цы хъыгдары? _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Асфальт донимæ фидауы?

Категория:

Новости и СМИ