Парти "Иугонд Уæрæсе" - йы æхсæнадон æххуысы штабы сарæзтой разминкæ
Дзæуджыхъæуы хистæркъласонтæн абон райсомæй балæвар кодтой хорз зæрдæйы уаг. 26-æм æмæ 33-æм скъолаты ахуырдзаутæн сарæзтой разминкæ гом арвы бын. Æбамбырд сæ кодтой парти "Иугонд Уæрæсе"-йы æхсæнадон æххуысы штабы фæзы. Бон раст куыд райдайын хъæуы, уый сын бацамыдтой профессионалон спортсментæ. Разминкæйы фæстæ та скъоладзаутæн сарæзтой дæсныйадæвдисæн ахуыртæ къуххæстæй. Спортсментæ радзырдтой фæсивæдæн, куыд вазыгджын у æнæниз царды уагыл хæст уæвын. Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады амынддзинадмæ гæсгæ, спортмæ æмхиц уæвын хъæуы æппынæдзух. Æппынкъаддæр -къуыри æртæ хатты. Райсомы зарядкæ сбастой æнæниздзинады æппæтдунеон бонимæ. Сбæрæг æй кæнынц 7-æм апрелы.