«Нарт Арена»
Гъер, ацы фарса хорзы рдæм аивыны тыххæй ахъаз уыдзæн, цæмæй фæсивæд сæ рæстæг пайдаимæ æрвитой æмæ фылдæр спортæй дæр архайой. Уымæн дæр гæнæнтæ ис æмæ йыл кусынц. Фарон фæззæджы Бруты фæзынд ног спортивон дзæбæхгæнæн комплекс. Ууыл Рахизфарсы районы цæрджытæ уæлдай сцин кодтой. Сæрмагондæй ацы хъуыддагæн æхцайы фæрæзтæ радих кодта Мысыкаты Таймураз. 1958-æм азы æрыгонæй абалц кодта Брутæй – Ленинградмæ. 2017-æм азы æрыздæхт, йе `сабийы бонтæ цы чысыл хъæуы арвыста, уырдæм. Спортивон комплекс йæ куыст райдайдыдта 15 октябры. Зынгæ фенцондæр сты Заманхъул, Цæлыкк, Раздзог æмæ Бæтæхъойыхъæуы фæсивæды спортивон цард. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ Мысыкаты Таймуразы схорзæхджын кодтой «Ирыстоны кад»-ы майданæй. Æрхъуыды кодтой Владимир Чагины дæр. Радтой йын Кады гæххæтт. Зындгонд спортсмены хъæппæрисæй спортивон комплексы фæзынд ног, нырыккон тренажертæ. Комплекс «Нарт Аренæйы» æрмæст спорты хуызтæй нæ фæлварынц сæхи. Ам ма фæсивæдæн сæ бон у фæсарæйнаг æвзæгтæ базонын дæр. Алцыдæр – лæвар. Куыд цæуы Бруты спортивон цард æмæ комплексы фæсивæдæн цавæр гæнæнтæ ис? Спортивон комплекс Нарт Аренæ кæд нырма хæрз æрæджы фæзынд, уæддæр фæсивæдæн сси уарзондæр бынæттæй иу. Канд Бруты нæ, фæлæ ма хæстæг хъæуты фæсивæд дæр ардæм гуыфл кæнынц. Кæд хъæуты хсæн æхсæнадон транспорт нæ цæуы, уæддæр спортуарзджытæ алы бон дæр спортивон комплексмæ фистæгæй фæцæуынц. Цалынмæ лæппутæй иутæ фæзы футболæй фæхъазынц, уæдмæ иннæ тæ фыццæгæм уæладзыджы фæхæцынц хъæбысæй. Дыккæгæм уæладзыгæй та хъуысы ирон фæндыры зæлтæ. Сывæллæттæ уæрæх агъуысты апарахат сты æмæ кафты элементтæ ахуыр кæнынц. Сæ ахуыргæнæг сæм лæмбынæг кæсы. Спортивон галуан æнæ тренажертимæ залæй нæ фидауы. Ацы галуан дæр ифтонг у æппæты нырыккон кусæнгæрзтæй. Суинаг уæлахиздзаутæ сыл сæхи цæттæ кæнынц. Наниты Зураб æрвылбон ахуыр кæны 100 хъæбысхæцæгæй фылдæры. Куыд зæгъы, афтæмæй кæд зал стыр у, уæддæр спортæй чи архайы, уыдоны нымæц зынгæ фылдæр у. Сывæллæттæ ардæм цæуынц иннæ районтæй дæр. Спортивон комплексы администратор Æхполæтты Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæ ардыгæй ацæуынмæ тагъд нæ фæкæнынц. Изæрмæ баззайынц. Спортсментæй уæлдай, спортивон комплексы чысыл сабитыл дæр ахъуыды кодтой. Сарæзтой сын хъазынæн фæз. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Нарт Арена»
Категория:
Новости и СМИ