Цæгат Ирыстоны ацыд велосипедтыл 31-æм бирæбонон дугъ

Грознайæ райдай æмæ Майкъопæй фæуы. Уыимæ ма Цæгат Кавказы æппæт республикæтыл дæр ӕрзил. Нæ республикæ суазæг кодта 31-æм бирæбонон велосипедтыл дугъ. Турнир ныддих кодтой 10 къæпхæныл. Абон 200 спортсмены нæ бæстæ æмæ фæсарæнтæй абалц кодтой Ирыстоны рæссугъддæр бынæттæм. Дугъы дæргъ 100 километры бæрц. Эстафетæ дарддæр айсдзæн Налцыкк. Трассæйы иумæйаг дæргъ 1 мин 127 километры. 200 тыхджын спортсмены нæ бæстæ æмæ фæсарæнтæй. Маршруты дæргъ 100 километрæй фылдæр. Алы архайæджы дæр фæнды уæлахиздзау суæвын. Ацы спорты хуызы сæйрагдæр сты тагъдад æмæ спортсмены сæрæндзинад. Евгений Коралек ацы спортмæ æнæнхъæлæджы æрбахауд. Фыццæгты йын тынг зын уыд. Æппынæдзух тренировкæтæ, сæрмагонд фæтк æмæ ерыстæ. Æрыгон нæлгоймаг йæ размæ сæвæрдта хæстæ æмæ сæм цыд. Къуылымпыдзинæдты сæрты хизгæйæ. Ныртæккæ у дунейы дыууæ хатты чемпион. Велосипедтыл дугъы архайы 13 азы. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй сты йæ царды стырдæр нысан. Велоспорт афæдзæй-афæдзмæ парахат кæны. Æрбангом кæны дунейы мингай архайджыты. Абоны дæрддзæг зыныл нымад нæу, фæлæ ныхмæлæуджытæ тыхджын сты. Суанг кæрæнбæтты дæр бæрæг нæ уыд, хуыздæр чи разындзæн, уый. Веломарафон райдыдта 5-æм сентябры Грознайы. Маршрут цæуы Цæгат Кавказы цалдæр регионы уылты. Дугъ фæуыдзæн 16 сентябры Майкъопы. Ацы ерыстæ арæзт цæуынц 1993 азæй фæстæмæ. Проект æххæст кæны Уæрæсейы велосипедон спорты Федераци.

Иконка канала IRYSTONTV
1 468 подписчиков
12+
23 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии