Беслæны газдзуадзæн хæтæлты 30 км фылдæр рацараздзысты
Беслæны газдзуадзæн хæтæлты 30 км фылдæр рацараздзысты. Уый тыххæй ныхас кодта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран, Дзæуджыхъæуы «Газпром газораспределение» куыстуаты минæвæрттимæ. Модернизаци æххæстгонд æрцæудзæн горæты райрæзты сæрмагонд пъланмæ гæсгæ. Хызæгтæм фæнд кæнынц баиу кæнын ног объекттæ æмæ фæзуаттæ. Се хсæн инвестицион проекттæн цы 100 гектары зæххы хай радих кодтой, уыдон. Ацы аз ма 11-ы хъæумæ ауадзой ног газуадзæн хæтæлтæ. Куыстытæ цæудзысты инвестицион пргораммæйы фæлгæты. Æдæппæтæй сыл бахардз кæндзысты 37 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Беслæны газдзуадзæн хæтæлты 30 км фылдæр рацараздзысты
Категория:
Новости и СМИ