Солиты Т. снысан кодтой республикæйы транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдарæй
Хицауады æмбырды ма фæнысан кодтой кадрты ивддзинæдтæ. Солиты Тариэлы снысан кодтой республикæйы транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдарæй. Сæрмагонд указ бафыста регионы разамонæг Сергей Меняйло. Абон ма куыд сбæрæг, афтæмæй Фидараты Юрийы систой Цæгат Ирыстоны мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдары бынатæй, йæ куыстадон контракт кæронмæ кæй æрхæццæ, уый фæдыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv